Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. дзуапп ИА «Рес»-ы корреспондентæн

dzhioev_m.k.jpg

- Хуссар Ирыстон банымадта ДАР æмæ ЛАР-ы хæдбардзинад 2014 азы июны. Республикæтæ банымайыны тыххæй бардзырды фæстæ РХИ Президент Тыбылты Л.Х. бахæс кодта ФХМ-йæн семæ дипломатон ахастытæ саразын. Цавæр æвæрццаг фæстиуджыты тыххæй ис радзурæн уæ куысты ацы фадыджы?


— Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцимæ гæсгæ йын йæ æддагон политикæ бæрæг кæны РХИ Президент, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад та у æххæстгæнæг оргæн, кæцы реализаци кæны паддзахады иумæйаг æддагон политикон хахх.

Æцæгæйдæр, 2014 азы 18 æмæ 27 июны РХИ Президент Тыбылты Л.Х. Бардзырдтæм гæсгæ нымад æрцыдысты Луганск æмæ Донецкы Адæмон Республикæтæ.

Президенты Бардзырдтæ «Донецкы Адæмон Республикæ банымайыны тыххæй» æмæ Луганскы Адæмон Республикæ банымайыны тыххæй» æххæстгæнгæйæ нæ уагдонæн ис контакттæ дыууæ республикæйы æддагон политикон ведомствæтимæ. 2016 азы 16 апрелы баконд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварадтæ Луганск æмæ Донецкы Адæмон Республикæты.

2015 азы 28 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны уыд ЛАР æмæ ДАР-ы Минæварадты баконды кадджын церемони. Минæварадты куыст ахъаз у нæ паддзахадты æхсæн хæларадон ахастытæ фидар кæнынæн.

Цæуы ацы паддзахадты арæзтад, эффективон æгъдауæй пайдагæнгæйæ нæ потенциалæй, мах цæттæ стæм æнтыстджын æмгуыстадмæ,. Ныртæккæ кусæм меморандумтыл æмархайды алыхуызон къабæзты кæрæдзи æмбарындзинадыл. Сæрмагондæй, ацы бонты нæ зæрды ис къухтæ æрфыссын бастдзинады фадыджы меморандумыл. Уымæй дарддæр ма нын ис контакттæ культурæйы, ахуырады æмæ политикон æмахастыты сферæты. Ацы республикæты ис бирæ амалиуæгон куыстуæттæ, кæцыты продукци уыдзæн хъæуæг махмæ. Хуссар Ирыстон та у хъæзныг æрдзон ресурстæй, цæвиттон, минералон дæттæй, кæцытæ уыдзысты цымыдисаг нæ хæлæрттæн. Уымæй дарддæр ма нæ ныфс ис иумæйаг куыстуæттæ саразынæй дæр.

Октябры ЛАР æмæ ДАР-ы уагъд æрцыдысты æвзæрстытæ бынæттон хицауады оргæнтæм, цыран уыдис цæстдарджытæ Хуссар Ирыстонæй дæр. Нæ минæвæрттæ бæрзонд аргъ скодтой хъæлæсæппæрсты организацийы æмвæзадæн æмæ Украинайы æрдыгæй æрвылбонон агрессимæ æнæкæсгæйæ ацы республикæты цардуаджы организацийæн.

Хуссар Ирыстоны лæмбынæгæй хъус дарынц Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæты ситуацимæ, сæ цæрджыты рис сын æмбарынц. Нæ зæрдæ сын зæгъы тагъд рæстæджы сæм цы уа сабырад сæ бирæ зынтæ бавзарæг зæххыл, уый.