Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

Хуссар Ирыстоны æнæразыдзинадимæ сæмбæлдысты, хуссарирыстойнаг спортсментæн Венгрийы хицауад виза раттыныл кæй не сразы ис, æмæ Хæдбар футболон ассоциаци (ConIFA) футболæй цы хъæзтытæ уадзы Европæйы чемпионаты фæлгæтты, уым сæ бон кæй не суыдзæн хайад райсын, уый тыххæй фехъусынгæнинагыл.


Европæйы чемпионаты Хуссар Ирыстоны футболисттæ хайад цæмæй ма райстаиккой, ахæм уынаффæ иууыл бæрзонддæр æмвæзадыл ист кæй æрцыдис, уый уыдис Гуырдзыстоны æрдыгæй архайдты фæстиуæг, æмæ фылдæр у шантажы хуызæн. Турниры организатортæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг футболисттæ Дебрекенмæ уæддæр куы ‘рцæуой, уæд сæ ныхмæ гæнæн ис, æмæ пайдагонд æрцæуой полицийы тыхтæй. Венгрийы хицауады ахæм позици зын бамбарæн æмæ хъыгаг хъуыддаг у.

Спорт æнæ политикæйæ у царды бæрæгбон, ахъаз кæны алы бæстæйы адæмты иудзинад æмæ хæлардзинадæн, хуыздæр æмæ æнгомдæр сабырад аразынæн, дунейы адæмты кæрæдзийыл æууæндынæн æмæ хорз ахастытæн. Политикæ æмæ спорты кæрæдзиимæ хæццæ кæнын нæ хъæуы! Уадз æмæ политиктæ аразой сæ политикæ æмæ спортсментæ та – се спорт.

Фæлæ абон спортæй арæзт цæуы политикон æмвæзады æмæ политикон амбициты фактор. Венгрийы хицауад цы æнæзæрдæмæдзæугæ уынаффæ райста, уымæн Республикæ Хуссар Ирыстоны аргъ цæуы, куыд политикон æлхъывдады акт, афтæ. Уый йæ мидисмæ гæсгæ, цæхгæрæй ныхмæвæрд у европæйаг æргъадтæн æмæ дунеон барады нормæтæн. Æмæ спортæй та Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты дискриминацийæ политикон инструмент аразынмæ чи хъавы, уыдон сæ паддзахадтæн куыд демократон бæстæйæн афтæ кад, мыййаг, нæ кæнынц.


Цхинвал, 2015 азы 16 июнь