Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



21 декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъасполат райста йæхимæ Æхсæнадæмон цæдис «Уæлахизы бындартæ»-йы Президент Калякин В.В.


Хæларадон ныхасы рæстæджы Валерий Калякин радзырдта, зæгъгæ, Цæдисы архайды сæйраг здæхтытæй иу у «историон зæрдылдарынад бавæрын, сæйраджыдæр та, Стыр Фыдыбæстон хæсты советон адæмы сгуыхтдзинады кой ма ферох кæнын». Уымæй дарддæр ма Калякин банысан кодта, ирæттæ Стыр Фыдыбæстон хæсты канд хайад нæ райстой, фæлæ ма ныууагътой хæсты историйы зынгæ фæд.

Ведомствæйы сæргълæууæг Цхуырбаты Хъасполат банысан кодта организаци «Уæлахизы бындартæ»-йы ахадындзинад нырыккон уавæрты фæсивæды патриотикон хъомылады æмæ ма паддзахадон æмæ æхсæнадон институтты архайды консолидаци фæсивæды патриотикон хъомылады хъуыддаджы.

Ныхасы рæстæджы ма дзырд цыд Хуссар Ирыстоны фæсивæды хайадисты тыххæй организаци «Уæлахизы бындартæ»-йы мадзæлтты.


Цхинвал, 2015 азы 23 декабрь