Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

17 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат æмæ Днестргæрон Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьев аныхас кодтой телефонæй.


Ныхасы рæстæджы дзырд цыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Днестргæрон Молдаваг Республикæйы æхсæн дыууæварсон ахастыты райрæзты фарстатыл. Уымæй дарддæр ма æрдзырдæуыд кæрæдзийæн цымыдис чи æвзæрын кæны, ахæм фарстатыл.


Цхинвал, 2017 азы 17 март