Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Хуссарирыстойнаг делегацийы хъусынгæнинаг дзыллон информацийы фæрæзтæн

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дунеон дискусситы 24-æм раунды фæдыл

2013 азы 25-26 июны Женевæйы дунеон дискусситы фæлгæтты уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады радон раунд. Уым хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ЕЦÆО. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К.


Фембæлды сæйраг хъусдард здæхт æрцыдис регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад сифтонг кæнынмæ, афтæ ма Д.А. Медведевы–Н. Саркозийы бадзырдтæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ Гуырдзыстон тыхæй цæмæй ма спайда кæна, уымæ.

Хуссарирыстойнаг – гуырдзиаг паддзахадон арæны районы арæныл æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстыл дзургæйæ, фæмбæлды хайадисджытæ банысан кодтой инциденттæ ма ‘руадзыны æмæ сæм æвæстиатæй хъус æрдарыны куысты Механизм пайда кæй у, уый. Гуырдзыстоны хицауад Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны хахх дыууæ паддзахады ‘хсæн кæуылты цæуы, уый бынаты бæлвырд кæныны тыххæй цы мадзæлттæ æххæст кæны, уый ныхмæ цы пропагандистон кампани рапарахат кодта, уый фæдыл хуссарирыстойнаг делегаци дæр рапарахат кодта ахæм æрмæджытæ, кæцытæ бæлвырд кæнынц, æппæт куыстытæ дæр æххæст кæй цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны суверенон архайдтыты фæлгæтты, йæхи территорийыл, арæн кæуылты цæуы, уырдæм бæрæг дæрддзæджы, суверенон Гуырдзыстоны территоримæ нæ агайгæйæ. Фехъусын кодтой, зæгъгæ, Гуырдзыстоны архайдтытæ ацы хъуыддаджы сты, пропагандистон характер кæмæн ис, ахæмтæ. Уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджыты адресыл æппæт даутæ дæр сты æнæбындур, уымæн æмæ уыдон архайынц æрмæстдæр се ‘хсæнбарты фæлгæтты, дывæрсыг уæрæсейаг – хуссарирыстойнаг æхсæнпаддзахадон фидыдмæ гæсгæ.

Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ та ногæй æрсидтысты Гуырдзыстоны хицауадмæ, цæмæй иумæ ‘рæвналой паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацимæ æмæ бахатыдысты Женевæйы дискусситы Æмсæрдæрттæм, цæмæй сын суой æхсæны лæгтæ.

Хуссар Ирыстоны, Абхазы æмæ Гуырдзыстоны президенттæ раздæр æмткæй цы принципы фарс рахæцыдысты, ома тыхæй ма спайда кæнын. Уыцы иувæрсыгон хъусынгæнинаджы тыххæй хуссарирыстойнаг делегаци ногæй банысан кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстоны æмæ Республикæ Абхазы ‘хсæн тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документ аразыны æмæ йæ сцæттæ кæныны куыст фæтагъддæр кæнын, æнæмæнг чи хъæуы, ахæм хъуыддаг кæй у æмæ уымæ кæддæриддæр цæттæ кæй сты. Фæлæ Гуырдзыстоны делегаци цы деструктивон позици æрцахста, уый нæ радта тыхæй ма спайда кæныны фарстыл æххæстæй æрдзурыны фадат. Афтæ ма гуырдзиаг минæвæртты позицийы аххосæй кæронмæ æххæст не ‘рцыдис экспертон æмвæзадыл фидыды текст дискусситы хайадисджыты иумиаг хъусынгæнинагыл дунеон барады иумиаг зындгонд нормæтæм гæсгæ, уырдæм ма, тыхæй ма спайда кæныны принцип дæр бафтаугæйæ, кæцыйыл куыст цыдис Женевæйы дискусситы раздæры раундты.

Лæмбынæгæй дзырд цыдис къорд гуманитарон проблемæтыл, кæцыты ахсджиаг бынат ахсынц, æбæрæгæй чи фесæфтис æмæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй Гуырдзыстоны ахæстæтты æрымысæггаг аххосæгтæм гæсгæ чи бадынц, уыдоны хъысмæтыл. Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы делегацитæ банысан кодтой гуырдзиаг хицауады деструктивон архайд, кæцытæ азæй-азмæ лигъдæтты проблемæ хæссынц БНО Генералон Ассамблейы сессимæ æмæ уымæй нæ дæттынц Женевæйы дискусситы фæлгæтты йыл æруынаффæ кæныны фадат. Уыимæ иумæ ма банысан æрцыдис уый дæр æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз цæттæ кæй сты сæ минæвæртты БНО Генералон Ассамблеймæ арвитынмæ, цæмæй ацы проблемæйы фæдыл уым зæгъой сæ паддзахадты позицитæ.

Женевæйы дискусситы 24-æм раунды фæлгæтты уагъд æрцыдис информацион сесси. Сессимæ дунеон эксперттæ бавдыстой сæ докладтæ паддзахадты иувæрсыг актты дунеон-барадон нысаниуæджы æмæ юридикон тыхы тыххæй.


Женевæ, 2013 азы 26 июнь