Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

27 январы Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны развæлгъау æркасты палатæ сфидар кодта, 2008 азы 1-æм июлæй 10-æм октябрмæ «Хуссар Ирыстон æмæ йæ алфæмблай» цы хæстон фыдракæндтæ, стæй адæймагдзинады ныхмæ фыдракæндтæ æрцыд арæзт, уыдон раиртасыны тыххæй ÆУТ-ы прокурор Фату Бенсудайы домæн.


Республикæ Хуссар Ирыстон разы у ацы уынаффæимæ æмæ, кæд Ромаг Статуты архайд нæ территоримæ нæ æххæссы, уæддæр æвдисы объективон æмæ профессионалон фæдæсгæрстæн ахъаз кæнынмæ цæттæдзинад.

Нæ хъуыдымæ гæсгæ, 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы рæстæджы арæзт фыдракæндтæ сбæрæг кæныны фæдыл фæдæсгæрсты æрмæджытæм æнæмæнгæй бафтауын хъæуы, нæ Республикæмæ цы фыдракæндты æвдисæйнаг базæ ис, уый.

Дызæрдыгдзинад нæм æвзæрын кæнынц, Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны хъæппæрисæй цы фæдæсгæрст райдыдта, уымæн йæ рæстæгон фæлгæттæ. Фидарæй нæ уырны, зæгъгæ, 2008 азы августы трагикон цауты разистори æнæ бахынцгæйæ, фæдагуырд æнæзæрдæхсайгæ фæндагыл нæ ацæудзæн, Хуссар Ирыстоны йæ юрисдикцийы бын бакæныны охыл Гуырдзыстон цалдæр хатты цы фæлварæнтæ сарæзта, уыдон фæстиуæгæн фæзынгæ амæттæгтæ æмæ æфхæрд адæм сбæрæг кæныны хъуыддаджы.


Цхинвал, 2016 азы 29 январь