Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

14 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К. æмæ Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы хуссарирыстойнаг хайадисджытæ фембæлдысты Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы Уæрæсейы Федерацийы делегацийы уæнгтæ А.А. Двинянин æмæ М.М. Кулахметовимæ.


Ныхасы рæстæджы сæйраг хъусдард здæхт æрцыд марты мæйы кæрон Женевæйаг дискусситы цы радон раунд уыдзæн, уымæ. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы минæвæрттæ сразы сты, регионы æдасдзинады охыл тыхæй ма спайда кæныны фæдыл фидиуæнтыл æмæ бадзырдтыл бакуыстæн кæй ис приоритетон нысаниуæг, ууыл æмæ уый кæй у, фыццаджыдæр, Гуырдзыстоны æрдыгæй æфсæддон архайд кæй нал сног уыдзæн, уый гаранти. Уыцы контексты ма дыууæ фарсы банысан кодтой, зæгъгæ, Гуырдзыстон æмæ НАТО кæй æввахс кæнынц, уымæн ис негативон æндæвдад. Уæлдайдæр та альянсы æфсæддон тыхтæ æмæ æфсæддон техникæ кæй сты Гуырдзыстоны территорийыл, Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнтæм хæрз æввахс.

Констатацигонд æрцыд, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæг у, хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг æхсæнпаддзахадон арæны демаркаци æмæ делимитацийы процесс райдайын. Уый фæахъаз уаид арæнгæрон зонæты æууæнк раздахынæн, æмбæлон æмгуыстад æмæ сæрибар змæлд сифтонг кæнынæн, æмæ уый та уаид, арæны дыууæ фарс цы бынæттон цæрджытæ ис, уыдон пайдайæн дæр. Гуманитарон сферæйы банысангонд æрцыд, гуырдзиаг фарсы деструктивон æмæ дезинформацион архайд ИНО æмæ йæ спецуагдæтты, уыдон нымæцы Адæймаджы барты фæдыл совет æмæ æндæр æхсæнадæмон организациты фæстиуæгæн гæнæн ис æмæ аскъуыйа Фæскавказы паддзахадты адæмтæн асхджиаг проблемæты фæдыл диалог. Банысангонд ма æрцыд, Хуссар Ирыстоны цæрджытæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæт бæрæг кæныны фæдыл куыст дарддæр кæныны ахсджиагдзинад.

Кæронбæттæны хайадисджытæ бафидар кодтой сæ фæнд æнгом æмгуыст кæнын æмæ æхсæнадæмон аренæйыл сæ архайд координаци кæнынмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы иумæйаг интересты.


Цхинвал, 2017 азы 14 март