Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

РХИ Фæсæрайнаг хъуыддæгты Министры дзуапп ИА «Рес»-ы фарстæн АИШ-ы паддзахадон секретары хъусынгæнинады фæдыл

Фарст: Курæг дæ стæм, цæмæй нын комментаритæ саразат АИШ-ы паддзахадон секретарь Хилари Клинтоны ахæм хъусынгæнинагæн: «Вашингтон архайдзæн, цæмæй Гуырдзыстон æрцæуа деоккупацигонд».
Дзуапп: АИШ-ы паддзахадон секретарь Хилари Клинтон Гуырдзыстоны кæй сарæзта, уыцы хъусынгæнинаг дзурæг у ууыл æмæ Америкæ дарддæр дæр кæй хъавы, цæмæй, цæмæй Гуырдзыстоны уа йе `ндæвдад. Клинтоны хъусынгæнинаг нæ ахъаз кæны Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны `хсæн ахастытæ æрбæстон кæнынæн. Уый нæ, фæлæ ма Гуырдзыстоны хицауады разæнгард кæны Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ ног «сгуыхтдзинæдтæм» æмæ ног агрессивон архайдтытæ æмæ хъусынгæнинæгтæ аразынмæ. Уый ма ноджыдæр иу хатт дзурæг у ууыл æмæ Гуырдзыстон кæй баззадис, Америкæ Уæрæсейы ныхмæ кæмæй архайы, ахæм фæзуатæй, кæд æмæ ма уый æгæр тыхджын дæр у, уæддæр.
АИШ æмæ Ныгуылæны æндæр бæстæты кæд фæнды, цæмæй фидар сабырад уа Хуссар Кавказы, уæд сæ къух хъуамæ сисой Гуырдзыстоны размæбырсæн хæцæнгæрзтæй хотыхджын кæныныл æмæ йæ ма разæнгард кæной йæ сыхæгты ныхмæ ног агрессивон архайдтытæм, фæлæ æрбадой базырдты фынджы фарсмæ æмæ йæ къух бафысса ахастытæ бæстон кæныны процессы тыххæй кæй не спайда кæндзæнис, ахæм документыл.
Алчи дæр хорз хъуамæ æмбара уый, æмæ Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ кæй аразы хæларсыхагон ахастытæ дыууæ фарсы `рдыгæй бадзырдты бындурыл. Уæрæсейы гарзджын тыхтæ æмæ арæнхъахъхъæнджытæ ам кæй сты, уый æххæстæй дзуапп Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы `хсæн дыууæфарсон сразыдзинæдты æмæ дунеон барады домæнтæн.
Йæхи рады Хуссар Ирыстон цæттæ у Гуырдзыстонимæ ахастытæ сабырадон диалогы фæрцы æрбæстон кæнынмæ æмæ уый тыххæй мах æнæмæнгхъæуæгыл нымайæм тыххæй ма спайда кæныны гаранти.
Ныфсдзинад зæгъын уый тыххæй æмæ Женевайы дискусситы æмсæрдæрттæ, кæцыты фæлгæтты дзырд цыдис документ бацæттæ кæныны тыххæй фарстыл кæй равдисдзысты стыр актиондзинад æмæ кæй ахъаз кæндзысты ахæм документ бацæттæ кæнынæн. Æввахсдæр рæстæджы æнхъæлмæ кæсæм се `рцыдмæ æмæ нæ ныфс ис, кæй дзы уыдзысты ног конструктивон фæндондзинæдтæ.