Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



17 ноябры Республикæ Хуссар ИрыстоныФæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Минæварады Сæрдар Нальан Антмены.


Ныхасы рæстæджы дзырд цыд Хуссар Ирыстоны МККК-йы Минæварады архайдыл, сæрмагондæй цæрджыты иуæй-иу категоритæн нысанон социалон æххуысыл. Уыимæ ма ныхас цыд æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт рабæрæг кæныны фарстатыл иумæйаг архайдыл.

Сæ хъуыдытæ кæрæдзийæн фехъусын кодтой æмгуыстады æндæр актуалон фарстаты фæдыл дæр.

Фембæлды хайад райста РХИ ФХМ æддагон-политикон бастдзинæдты Управленийы Хистæр Дзиццойты Т.


Цхинвал, 2016 азы 17 ноябрь