Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

karabah.jpg

2013 азы 26 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид фембæлдис Хæххон-Карабахы Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады аппараты къухдариуæггæнæг-Генералон нымæрдар Семен Афиянимæ, кæцы ХКР делегацийы сконды æрцыдис, Республикæмæ Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл 5 азы сæххæсты бæрæгбонмæ. Фембæлды ма уыдис адæймаджы барты фæдыл Хуссар Ирыстоны Президенты цур Бæрнджын Тасойты Инал дæр.


Дыууæрдыгæй фарс дæр кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ загътой дывæрсыг ахастыты перспективæтæ дарддæр рæзын æмæ фидар кæныны уавæры тыххæй.


Цхинвал, 2013 азы 26 август