Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive - Oct 2010

Date
  • All
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
  • 23
  • 24
  • 25
  • 26
  • 27
  • 28
  • 29
  • 30
  • 31

October 28th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. Комментарий информацион агентад «Рес»-æн.

Гуырдзыстоны президенты пресс-спикер Манана Манджгаладзе куыд фехъусын кодта, афтæмæй Гуырдзыстон фæнд кæны, цæмæй ОБСЕ декабры Саммиты равæра фарст бæстæмæ хъусдарæджы охыл ОБСЕ Мисси раздахыны тыххæй. Гуырдзыстоны хицауады ацы нысаны тыххæй ноджы конкретондæрæй та загъта Гуырдзыстоны фæфарайнагхъуыддæгты министры хæдивæг Нино Каландадзе, кæцы фехъусын кодта, зæгъгæ, официалон Тбилисимæ «ис стыр цымыдисдзинад, цæмæй ОБСЕ исты пайдатимæ раздаха фæстæмæ Гуырдзыстонмæ æмæ сын фадат уа Гуырдзыстоны оккупацигондтерриторийыл мониторинг æххæст кæнынæн».

October 27th

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры арфæйы тел Сент-Винсент æмæ Гренадины фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ базарады министрмæ Сен-Винсент æмæ Гренадины хæдбардзинады боны цытæн

Сент-Винсенты æмæ Гренадины паддзахады хæдбардзинады Боны цытæн, кæцы нысангонд цæуы 27 октябры, РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. арфæйы тел арвыста Сен-Винсентайы æмæ Гренадины Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Йæ Бæрзонддзинад Луис Хилтон Стрейкермæ.

Телы дзырд цæуы:

«1979 азы 27 октябры хæдбардзинад банымайыны Бон, кæцы ссис закъонбæрцадон фæстиуæг Сент-Винсенты æмæ Гренадины адæмы бирæнусон тохы фæстиуæг сæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд тохты бындур нывæрдта Дæ паддзахады сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрибар рæзтæн.

October 19th

Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Гуырдзыстоны æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны арæныл цæрæн пункт Перевийæ Уæрæсейы арæнхъахъхъæнæг посты ракæныны тыххæй

Хæларзæрдæйы уавæрты Уæрæсейы ‘рдыгæй фарс Хуссар Ирыстоны территоримæ ракодта Перевийы хъæумæ ‘ввахс ын чи уыдис (РХИ æмæ Гуырдзыстоны ныгуылæн арæн), йæ уыцы арæнхъахъхъæнæг посты. Уымæ цæттæгонд цыдис серьезон æгъдауæй. Уæрæсейы Æуасдзинады федералон службæйы хаххыл хæххон, зынбафтæн кæдæм у, уырдæм арæзт æрцыдис, йæ даргъ 10 километры кæмæн у, ахæм иувæрсты ахизæн фæндаг. Уый Карзманы комы иу кæны Хуссар Ирыстоны иннæ территориимæ æмæ ахсджиаг у бынæттон цæрæг ирæтты ифтонг кæнынæн.

October 12th

ПМР Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады арфææйы тел Приднестроваг Молдоваг Республикæйы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады Бадзырдыл 16 азы сæххæсты Боны цытæн

Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад зæгъы стыр кад кæй кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн æмæ йын æрвиты иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Приднестроваг Молдоваг Республикæйы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады Бадзырдыл къухтæ æрфыссыны 16 азы Боны цытæн.