Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive - 2011

December 22nd

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуддæгты министрады пресс-конференци АИШ-ы Сенаты резолюцийы проектыл Гуырдзыстонæн хæцæнгæрзтæ дæттыны хъуыддаг сног кæныны фæдыл

Дзыллон информацийы фæрæзты куыд хъусын чындæуыдис, афтæмæй АИШ-ы Сенат сфидар кодта 2012 азæн националон хъахъхъæнынады хæрдзты проект, кæцы ран ис хицæн сæр «Æфсæддон сферæйы æмкуысткæнынад Гуырдзыстонимæ».

Документмæ гæсгæ æфсæддон æмкуысткæнынады «нормализаци» нысан кæны Гуырдзыстонæн хæцæнгæрзтæ дæттыны хъуыддаг сног кæнын «йæ хицауады, адæмы æмæ суверенон территори бахъахъæныны тыххæй. Уыимæ иумæ ма нысангонд цæуы, зæгъгæ, АИШ хъуамæ æсида НАТО бæстæтæ æмæ кандидат бæстæтæм,цæмæй Гуырдзыстонæн сног æмæ рауæрæх кæной хихъахъхъæнæн хæцæнгæртæ уæй кæнын æмæ семæ архайыны хъуддаг».

November 15th

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментарий

Республикæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй 14 ноябры, хæдтæхæг скъæрæг кæм нæ уыдис, ахæм гуырдзиаг хæдтæхæг фехæлдта Хуссар ирыстоны уæлдæфон тыгъдад. Уый æрбатахтис Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æмæ сæххæст кодта развæдсгарæн тахт Республикæйы территорийы сæрмæ. Хæдтæхæг уæлдæфон тыгъдад ныууагъта, æхсын æй куы райдыдтой, æрмæстдæр уый фæстæ. Хъыгагæн, уый фыццаг ахæм цау нæу. Хæдтæхæг скъæрæг кæм нæ вæййы, ахæм гуырдзиаг хæдтæхджытæ æнæзакъонæй фехалынц Хуссар Ирыстоны уæлдæфон тыгъдад.

October 24th

Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн бастдзинады, информацион технологитæ æмæ дзыллон коминикациты къабазы æмгуыстады фæдыл

Республикæ Хуссар Иыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, дарддæр – Дыууæ Фарсы,


2008 азы 17 сентябры сахар Мæскуыйы фыстæрцæуæг Бадзырд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн, хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы уагæвæрдтæй къухдариуæггæнгæйæ,

сæ паддзахадты экономикон æмæ социалон рæзты хæрзиуæгæн бастдзинад, информацион технологитæ æмæ дзыллон коммуникациты къабазы кæрæдзийæн пайдайы æмгуыстад рæзын æмæ арфдæр кæнынмæ тырнындзинад фидар кæнгæйæ,

October 11th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментаритæ Гуырдзыстоны Францы президент Н.Саркозийы раныхасы фæдыл

2011 азы 7 октябры Францы президент Николя Соркози йæ визиты рæстæджы Тбилисы бирæминон митингы йæ раныхасы цы загъта,уый бирæ фарстытæ сывзæрын кодта Кавказы сабырад æмæ стабилондзинады хъысмæт æцæгæй кæй æндавы,уыдонмæ.Æрмæст ууыл дæр куы ахъуыды кæнæм æмæ Гуырдзыстоны президентимæ иумæ ахæм æндыгъд уавæр,кæцы æндæвта канд Гуырдзыстоны цæрджытыл нæ,фæлæ ма францаг æвзарджытыл дæр,уыцы паддзахадон хорзæхтæ кæрæдзийæн дæттын,йæ иттæг эмоционалон раныхасы нæ зыны 2008 азы,августы,æцæгæйдæр,Уæрæсейы президент Д.А.Медведевимæ бирæ тых чи бахардз кодта æмæ Кавказы кризисæй рахизыны планыл чи бадзы

September 20th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

Абон 2011 азы 20 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзтыл 21 азы сæххæсты сæраппонд бæрæгбонон мадзæлттæ.Хуссар Ирыстоны адæм цыппæрæм хатт нысан кæнынц сæ историйы банымадгонд паддзахады уавæрты ацы зæрдылдарæн бон.

Республикæйы Бон бæрæгбон кæнынмæ æрхаудис уæрæсейаг-хуссарирыстоæнаг форум ахæм номимæ: «Эффективон экономикæйы уылты нырыккон паддзахад саразын»,кæцы уагъд цæуы Цхинвалы.Форумы фæлгæтты къухтæ фыст æрцыдысты фондз дывæрсыг документыл:

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Тувалуйы ‘хсæн дипломатон ахастытæ саразыны фæдыл

2011 азы 20 сентябры уыдис Тувалуйы Премьер-министр Вилли Телавийы визит Республикæ Хуссар Ирыстонмæ.Визиты рæстæджы 19 сентябры къухтæ фыст æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Тувалуйы ‘хсæн дипломатон ахастытæ саразыны фæдыл.Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй фарс документыл йæ къух æрфыста Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Кокойты Эдуард,Тувалуйы ‘рдыгæй фарс Премьер-министр Вилли Телави.

August 31st

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

Венесуэлæйы Боливарианаг Республикæйы РХИ Чрезвычайон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Козаты Нарим ныртæккæ кусæгон визиты ис Каракасы.

30 августы Козаты Наримы йæхимæ райста Венесуэлæйы Боливарианаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр.Фембæлды рæстæджы Минæвар æууæнчы грамотаты халдихтæ радта Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæгмæ.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Венесуэлæйы Боливиаг Республикæйы ‘хсæн дыууæфарсон æмкуысткæнынадыл æмæ дыууæ паддзахады ‘хсæн ахастыты дарддæры перспективæйыл.

Цхинвал,2011 азы 31 августы.

Сообщение пресс-службы Министерства иностранных дел Республики Южная Осетия

Чрезвычайный и Полномочный Посол Республики Южная Осетия в Боливарианской Республике Венесуэла Нарим Козаев в настоящее время находится с рабочим визитом в Каракасе.

30 августа Нарим Козаев был принят в Министерстве иностранных дел Боливарианской Республики Венесуэла. В ходе состоявшейся встречи Посол передал копии верительных грамот заместителю Министра иностранных дел Венесуэлы.

August 25th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады хъусынгæнинаг Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл æртыккæгæм азы сæххæсты охыл

Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, ууыл æртыккæгæм аз кæй сæххæст, уый цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц бæрæгбонон мадзæлтæ.

2008 азы 26 августы бон Ирыстоны азфысты историйы фыст æрцыдис сызгъæрин дамгъæтæй æмæ нысан цæуы куыд паддзахадон бæрæгбон – Паддзахадон хæдбардзинад банымайыны боныл. Ацы цау ссис иууыл стырдæр арæн Хуссар Ирыстоны иууыл ногдæр историйы.

August 23rd

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарææнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг аразынмæ цы «сабырады Марш» аразынмæ хъавдæуы уый тыххæй

Фæстаг рæстæджы нæм цæуы ахæм информаци зæгъгæ,2011 азы,26 августы Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта,уый æртыккæгæм азы боны гуырдзиаг хицауиуæгад фæнд кæны,цæмæй Хуссар Ирыстоны арæныл сæххæст кæна стырмасштабон провокаци.
Ацы фæнд сæххæст кæныны фæлгæтты гуырдзиаг спецслужбæтæ цæттæ кæнынц «сабырадон Марш,ома æнæзакъонæй 2008 азы августы,гуырдзиаг агрессийы рæстæджы Хуссар Ирыстоны территории барвæндæй чи ныууагътой,уыцы афтæхуыйнæг лигъдонтæ æмбæстæгты арæныл æрбазизын кæнын.