Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive - 2012

December 29th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хыгъд 2012 азы бакæнгæ куысты тыххæй

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад 2012 азы йæ архайд дарддæр кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци, æндæр закъæттæ æмæ Республикæйы нормативон-барадон базæмæ гæсгæ. 2012 азы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куысты сæйраг фæдыздæхтытæ, куыд раздæр, афтæ, бæлвырд цыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзты стратегийæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты домæнтæм гæсгæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хыгъд 2012 азы бакæнгæ куысты тыххæй

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад 2012 азы йæ архайд дарддæр кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци, æндæр закъæттæ æмæ Республикæйы нормативон-барадон базæмæ гæсгæ. 2012 азы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куысты сæйраг фæдыздæхтытæ, куыд раздæр, афтæ, бæлвырд цыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзты стратегийæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты домæнтæм гæсгæ.

December 25th

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры комментари

Президенты Указы фæдыл РХИ Консулон агентад бакæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн консулон лæггæдты гъæд фæхуыздæр кæныны æнæмæнгхъæуæгдзинад хынцгæйæ, Уæрæсейы Федерацийы территорийыл РХИ Президент Тыбылты Леониды Указæй Дзæуæджыхъæуы горæты арæзт æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Консулон агентад.

December 13th

Женевæйы дискусситы Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы Хъусынгæнинаг

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дунеон дискусситы 22-æм раунды тыххæй

2012 азы 12-æм декабры йæ куыст фæци Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дунеон дискусситы 22-æм радон фембæлд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстон, Республикæ Абхаз, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федераци, АИШ, Европæйы Цæдис, Баиугонд Нациты Организаци æмæ ЕÆÆÆ-йы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыди фæсконфликтон фарстытæ æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М. К.

December 6th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Тыбылты Даниел Венесуэлæйы Боливарон Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй снысан кæныны тыххæй

1012.jpg

Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леониды Указмæ гæсгæ, Тыбылты Даниел Израилы фырт нысан æрцыдис Венесуэлæйы Боливарон Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уалвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй.


Цыбыр биографион зонæнтæ:

December 1st

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2012 азы 28 ноябры Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны Минæварады Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Дауытæн фембæлд уыди Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дипломатон академийы хъусджытимæ æмæ Дунеон ахастыты Мæскуыйы паддзахадон институт (Университет), афтæ ма Уæрæсейы паддзахадон социологион университеты дунеон ахастыты факультетмæ Хуссар Ирыстонæй ахуырмæ ‘рвыст чи рцыд, уыдонимæ.

Фембæлды уыд УФ Республикæ Хуссар Ирыстоны Чрезвычайон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Медойты Д.Н.

November 24th

Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн дунеон автомобилон фæндæгты фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, дарддæр - Дыууæ Фарсы,


дыууæ паддзахады ‘хсæн базарадон æмæ экономикон ахастытæ рæзын кæнгæйæ,

алфæмблай бахъахъхъæнын æмæ фæндагон æзмæлд сифтонг кæныны æнæмæнгхъæуындзинад хынцгæйæ,

дыууæ паддзахады ‘хсæн бæлцæттæ æмæ уæзтæ ласыны æмæ сæ территоритыл транзитон фæндагон змæлд рæзын кæнынмæ тырнындзинадыл, афтæ ма уыцы фæндагон змæлд фæрогдæр кæныныл къухдариуæггæнгæйæ,

сразы сты дæлдæруæвæгыл:

November 23rd

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады хъусынгӕнинаг

23 азы размӕ, 1989 азы 23 ноябры, Цхинвалмӕ ӕрбацӕуӕны урӕд ӕрцыдис, Гуырдзыстоны хицауады ӕххуысӕй националистон змӕлдты лидертӕ кӕй сорганизаци кодтой, уыцы цалдӕр дӕсгай мин гуырдзиаг экстремистты марш. Цхинвалмӕ стӕрӕн йӕ нысан уыдис ирӕтты фӕтӕрсын кӕнын ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ та Хуссар Ирыстоны территорийӕ фӕсурын. Уӕд гуырдзиаг националистты фӕнд нӕ рауадис, фӕлӕ ноябры уыцы бонтӕ систы Хуссар Ирыстоны адӕмӕн сӕ цард, сӕрибардзинад ӕмӕ адӕймагӕн цахӕм ӕмбӕлы, ахӕм цард кӕныны сӕраппонд бирӕазон тохы райдиан.

November 20th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службайы хъусынгæнинаг

20 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон визитимæ уыдысты фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы Æмсæрдæртæ. Делегацийы Цхинвалы сæхимæ райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады минææвæрттæ фæсконфликтон ситуации æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. сæргълæудæй.

October 12th

Женевæйы дискусситы Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы хъусынгæнинаг Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстыты фæдыл Женевæйы дыууын фыццæгæм раунды дискусситы тыххæй

2012 азы 10-11 октябры г. Женевæйы уыдис дунеон дискусситы форматы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады сæраппонд дыууын фыццæгæм фембæлд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы АИШ делегацитæ. Афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ОБСЕ минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Ӕххæстбарджын минæвар Джиоты М. К.