Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive - Mar 2012

March 29th

Республикæ Хуссар Ирыстоы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий Сеулы саммиты М.Сакашвилийы раныхасы тыххæй

2012 азы 27 марты Гуырдзыстоны президент Михаил Саакашвили Сеулы саммиты пленарон сесситы ядерон æдасдзинады фарстаты фæдыл ныхас кæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы схуыдта «сау афтидбынæттæ» канд наркобазарадæн нæ, фæлæ ма ядерон буарадты контрабандайæн дæр.

Абон Женевæйы Фæскавказы æдæсдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл радон дискусситы рауад старт куы исы, уæд ахæм ныхæстæм, кæй зæгъын æй хъæуы, ис æнхъæлмæ кæсæн. Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы «рынчын» фарстаты фæдыл Саакашвили æмæ иннæ гуырдзиаг лидертæ мацы зæгъой, уый никуы вæййы. Афтæ у Сеулы цы саммит уагъд цæуы, уым дæр.

March 27th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2012 азы 25 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны уыд президенты æвзæрстытæ.

Æвзæрстытæ ацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзæрстыты закъондæттынады бындурыл æмæ дунеон нормæтæм гæсгæ.

March 16th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарии комментарий уæрæсейаг фарсы фæндæттæн Гуырдзыстоны цахæм реакции уыдис, уый тыххæй.

Цаутæ куыд уынын кæнынц, афтæмæй Уæрæсейы Федерациты æмбæстæгты Гуырдзыстонмæ бацæуыны визæтæ аивыны тыххæй Гуырдзыстоны президент Михаил Саакашвили бæстæйы парламентмæ 2012 азы 27 февралы йæ ‘рвылазон инстуаны цы загъта, уый у радон пропагандистон амал, кæцы Гуырдзыстонмæ, уæрæсейаг æмбæстæгтæй фылдæр бацæуа, уый тыххæй уыйбæрц нæу, цас у дунеон æмæхсæнады цæстмæ арæзт миф ацы идеаты авæры «конструктивондзинад» æмæ «сабыруарзæг» архайдтытæ æвдисынæн.

March 14th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий.

2012 азы 12 марты Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæргълæууæджы хæдивæг Нино Каландадзе æрвылкъуырийы брифингы ныхас кæнгæйæ, коментаритæ сарæзта АИШ Паддзахадон департаменты доклад наркотикыл контролы стратегийы фæдыл гуырдзиаг политиктæ сæ цайдагъдзинадмæ гæсгæ, куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр сæ иу, Каландадзе, куыд штатон æвзæрдзинæдтæ тауæг, афтæ бацархайдта доклады позиции фæивыныл, кæцыты зыны катайдзинад Гуырдзыстоны наркофыдракæндты æмвазады рæзты тыххæй наркотранзиты фæаххосджын кодта Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны.

March 13th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг ЕЦПА докладгæнджыты хъусынгæнинаджы фæдыл

2012 азы 12 марты Страсбургы Гуырдзыстоны фæдыл адæммæ хаст æрцыдис Европæйы Цæдисы Парламентон Ассамблейы æмдокладгæнджытæ( ЕСПА ) Кастриот Исламийы (Албании) æмæ Астрпуп Йенсены (Дани) хъусынгæнинаг, кæцыйы дзырд цæуы, зæгъгæ, ивгъуыд сабаты Абхазы уагъд æрцыдысты парламентон æмæ 2012 азы та «афтæхуыйнаг президентон æвзæрстытæ уагъд æрцæудзысты Хуссар Ирыстоны, уыдонæн нæй гæнæн æмæ нымад æрцæуой закъононтыл»

March 6th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг Хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг.

Республикæ хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстыты охыл цы тымбыл фынг уагъд æрцыдис, уый куысты.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис 2012 азы 25 марты уагъд цы æвзæрстытæ хъуамæ ацæуой, уыдонимæ баст актуалон фарстытыл.

Тымбыл фынгмæ ма хуынд æрцыдысты ЦÆК,Хъахъæнынады министрады, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты минæваæрттæ, президенты бынатмæ кандидаттæ, политологтæ.

Цхинвал,2012 азы, 6 март.

March 5th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстыты тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл

2012 азы 4 марты Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстыты хайад истой, æвзæрстыты бонмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æдзух чи цæры кæнæ рæстæгмæ чи ис, Уæрæсейы Федерацийы уыцы æмбæстæгтæ.

Хуссар Ирыстоны баконд æрцыдысты дыууадæс æвзарæн фадыджы. Æвзæрстытæ уадзыны куыст сорганизаци кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Минæварад.

March 1st

Республикæ Хуссар Ирыстон Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2012 азы 1 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр йæхимæ райста Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Официалон Минæварады Сæргълæууæг Пухаты Александры.