Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive - Apr 2012

April 27th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Уæрæсейы президентон æвзæрстыты тыххæй ЕЦПА-йы хыгъды фæдыл

Президентон æвзæрстыты сæраппонд æвзарæн фæдгуытæ конд æрцыдысты Уæрæсейы æвзæрстыты закъондæттынадмæ гæсгæ æмæ хаудтой дунейы Уæрæсуйы æмбæстæгты цы 145 бæстæйы цæрынц, уыдоны арæзт цы 378 æвзарæн фæдыджы æрцыдис, уыдон нымæцмæ. Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы цы уæрæсейаг æмбæстæгтæ цæрынц, уыдонæн се ‘мбæстагон, бартæ сæххæст кæныны фадат кæй æрцыдис арæзт, уыцы хъуыддагмæ ЕЦПА документы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ ахасты термин «оккупацигонд территори»-йæн кæй спайда кодтой, уыцы виртуалон позицийы ‘вварс куырмæй кæй рахæцыдысты, уымæй, кæцыран Гуырдзыстоны ракодтой агрессийы амæттагæй.

April 24th

Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн товартæ уæй кæныны уавæры фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, дарддæр Дыууæ Фарсы,


Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн æмбарад æмæ æмхуызон пайдайы бындурыл базарадон-экономикон æмгуыстад рæзын кæнынмæ тырнгæйæ,

Дыууæ Фарсæй алкæцыйы хæдбар æддагонэкономикон политикæ уадзыны суверенон бартæ нымайгæйæ,

экономикон активондзинады рæзтæн ахъаз кæныны, куыстæй ифтонг кæнын, куыстыгъæд фæбæрзонддæр кæнын æмæ ресурстæй рационалонæй спайда кæныны фæндонимæ,

April 18th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий.

Дзыллон информацийы фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Нино Каландадзе дыццæджы, 17 апрелы, брифингы фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад «комментаритæ нæ кæндзæн Хуссар Ирыстоны де-факто хæдрасидгæ президенты Тыбылты Леониды инициативайæн Эргнеты хъæуыцур базары куысвт сног кæныны тыххæй»

April 16th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2012 азы 16 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæхимæ райста Дунеон Сырх Дзуары Комитеты Цхинвалы офисы сæргълæууæджы бынаты йæ архайд тагъд рæстæджы кæй фæуд кæны, уымæ гæсгæ министры базонгæ кодтав йæ фæдон-æхсин Леаннæ Хатчинсы.
Ныхасы рæстæджы уынаффæ цыдис Хуссар Ирыстоны территорийыл Дунеон Сырх Дзуары Комитеты офисы архайды фарстатыл.

April 13th

Республика Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментарий Хуссар Ирыстоны президенты æвзæрстыты тыххæй къорд фæс-арæйнаг бæстæты реакциты фæдыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ма раздæрн куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2012 азы 8 апрелы Хуссар ирыстоны адæм Республикæйы Конституцимæ гæсгæ æмæ æвзæрстыты закъондæттинад æххæст кæнгæйæ, сæвзæрста бæстæйы президенты. Фæлæ иуæй-иу бæстæтæ, сæрмагондæй та Азербайджаны, Гуырдзыстоны æмæ АИШ сарæзтой хъусынгæнинæгты, зæгъгæ, Хуссар Ирыс æвзæрстыты нымайынц «æнæлигитимоныл»

April 10th

Республика Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Республикæ Хуссар Ирыстоны президент сæвзарыны фæдыл

2012 азы 8 апрелы Респуьликæ Хуссар Ирыстоны президент сæвзарыны дыккаг фæлхатгонд тур. Æвзæрстыты уагъд æрцыдысты 2001 азы 8 апрелы ист чи ‘рцыдис, Республикæ Хуссар Ирыстоны уыцы Конституци æмæ æвзæрстыты тыххæй закъондæттынадмæ гæсгæ. Хъæлæс лæвæрдцыдис 84 æвзарæн фæдыджы, уыцы нымæцы Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минаварады территорийыл баконд чи ‘рцыдис, уыцы фадыджы дæр.

April 7th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мураты комментарий, Гуырдзыстоны президент европæйаг делегациимæ фенбæлыныл кæй не сразы, кæд æмæ йе сконды уой Дитер Боден æмæ Роберт Бош, уый охыл

Дзыллон информациты фæрæзтæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Гуырдзыстоны президент Саакашвили не сразы европæйаг дыууæ дзырдзæугæ организаци - немыцаг Маршалы фонд æмæ Роберт Бошы фонды делегацитæ райсыныл, кæцытæ пълан кодтой апрелы Гуырдзыстонмæ æрцæуын, кæд æмæ зæгъы, делегациты сконды уой зынгонд немыцаг дипломат, ныртæккæ Бошы фонды эксперт Дитер Боден æмæ Кæрдæггъуызты партийæ Германы Бунденстагы депутат Виола фон Крамон. Уый фæстиуæгæн визит урæд æрцыдис æмæ Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад та архайы Германы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн йæ аххосаг бамбарын кæныныл.