Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive - Jul 2012

July 21st

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари Сирийы ситуацийы рæзты фæдыл

Сирийы цы кризис рæзы, уый Хуссар Ирыстоны æвзæрын кæны тынгæй-тынгдæр катай. Ацы бæстæйæ цы хабæрттæ хъуысы, уыдон æвдисæн сты Дамасчы ног хæстон инциденты, тугкалды, теракты æмæ сабыр цæрджыты ‘хсæн бирæнымæц амæттæгтæн.

Сири абон æвзары вазыгджын рæстæджытæ æмæ фыццаг рады та – афтæхуыйнæг фæсарæйнаг хæрзмæбæлджыты аххосæй, кæцытæ иуæй дзурынц, зæгъгæ, хæцынц демократийы фарс, æмæ иннæрдыгæй та боевикты хотыхджын кæнынц, афтæмæй кæрæдзийыл ардауынц ныхмæлæуд фæрсты, цырен кæнынц дарддæры æгъатыр æмæ æнæбафидаугæ конфронтаци.

July 19th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаджы фæдыл

2012 азы 16 июль Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад цы хъусынгæнинаг апарахат кодта,уым зæрдæрисæй дзырдæуы Хуссар Ирыстонмæ сурзæххон æфсадыл сæйрагкомандæгæнæг инæлар-булкъон Владимир Чиркины тыххæй,кæцы визиты уæвгæйæ,цыма фехæлдта «Гуырдзыстоны падзахадон арæнтæ,æрцыдис Уæрæсе кæй сокупаци кодта, Гуырдзыстоны уыцы регионмæ - Цхинвалы регион æмæ Абхазмæ».

July 18th

Республикӕт Хуссар Ирыстоны Президенты Указ Санахъоты Д.Г. Чрезвычайон ӕмӕ Ӕххӕстбарджын дипломаты ранг раттыны тыххӕй.

Республикӕ Хуссар Ирыстоы Фӕсарӕйнаг Хъуыддӕгты министр Санахъоты Дауыт Георгийы фыртӕн лӕвард ӕрцӕуӕт Чрезвычайон ӕмӕ Ӕххӕстбарджын Минӕвары дипломатон ранг.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.

Цхинвал,
2012 азы 18 июл
№160

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президенты Указ Санахъоты Д.Г. Чрезвычайон ӕмӕ Ӕххӕстбарджын дипломаты ранг раттыны тыххӕй.

Республикӕ Хуссар Ирыстоы Фӕсарӕйнаг Хъуыддӕгты министр Санахъоты Дауыт Георгийы фыртӕн лӕвард ӕрцӕуӕт Уӕлвӕткон ӕмӕ Ӕххӕстбарджын Минӕвары дипломатон ранг.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.

Цхинвал,
2012 азы 18 июл
№160

July 13th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давиды интервью информацион агентад «Рес»-æн

david.jpeg - - Цъахæм аргъ кæныс Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куыстæн, Дæу дзы куы баурæдтой, уæды онг? Ведомствойы кæцы фæдыздæхт Дæ фæнды фæтыхджындæр кæнын æмæ уый тыххæй цахæм мадзæлттæ аххæст кæнын ис Дæ зæрды?

— Уыцы азты дæргъы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад бакодта тынг стыр куыст. Аз афтæ æнхъæлын, æмæ алы этапы дæр æххæстгонд æрцыдысты æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ æддагон-политикон уагдоны ‘рдыгæй.

Сообщение Министерства иностранных дел Республики Южная Осетия

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады хъусынгӕнинаг.

2012 азы 14 июлы Хуссар Ирыстоны столицӕйы уагъд цӕуынц зӕрдылдарӕн мадзӕлттӕ Фидауынгӕнӕг тыхты боны цытӕн. Растдӕр 20 азы размӕ Уӕрӕсе, Гуырдзыстон, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сӕргълӕуджытӕ г. Сочиты къухтӕ кӕуыл ӕрфыстой, уыцы Фидыды гуырдзиаг-ирон конфликты ӕрбӕстон кӕныны бындурондӕр принципты бындурыл 1992 азы 24 июны гуырдзиаг ирон конфликты зонӕмӕ баконд ӕрцыдысты ӕртӕварсон фидауынгӕнӕг тыхтӕ. Уыдон уыдысты кӕрӕдзийы ныхмӕлӕууӕг фӕрсты ‘хсӕн буфер.

July 11th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг ОБСЕ ПА Гуырдзыстоны тыххæй резолюци кæй райста, уый фæдыл

2012 азы 9 июлы Монакойы ОБСЕ Парламентон Ассамблейы æрвылазон рабадты рахæцыдис польшæйаг депутат Михаил Щерба «Гурдзыстоны ситуацийы тыххæй», зæгъгæ,цы резолюци бавдыста,уый фарс. Резолюцийы Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хонынц «оккупацигонд территоритæ» .

July 6th

Республикæ Хуссар Ирыстон Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблея лигъдонты тыххæй резолюци кæй райста, уый фæдыл

2012 азы 3 июлы ИНО Генералон Ассамблей хорзыл банымадта, Гуырдзыстон хъæлæс кæнынмæ кæй рахаста, уыцы резолюциты проект «Мидбынаты иу ранæй иннæ ранмæ чи ацыдысты цæрынмæ, уыдон æмæ Абхазæй, Гуырдзыстонæй æмæ Цхинвалы районæй (Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон) æмæ лигъдæтты тыххй резолюцийы проект» Гуырдзыстоны делегаци Генассамблейы секретариатмæ ацы резолюци 2008 азы августæй фæстæмæ бахаста ныр æртыккаг хатт, уымæй дæр резолюцийы текст бынтондæр у раздæры азты документы хуызæн, кæцыты фæрцы йæ фæнды æмæ бафæлвара политикон-дипломатонметодтæй ситуацииннæрдæм аздæхыныл, ома гуманитарон тематикæтæ

July 3rd

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Зардианткъарты (Гуырдзыстон) гуырдзиаг полицæйы пост ахæссыны фæдыл

2012 азы 29 июны Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад йæ полицæйы пост ахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны аранмæ цалдæр сæдæ метры хæстæгдæр Зардианткъарты (Гуырдзыстон) хъæумæ, кæцы ис хуссарирыстойнаг хъæу Хелцуайы ныхмæ.Уый стыр æндыгъддзинад сæвзæрын кодта, ацы хъæуты цы ирон нациты адæймæгтæ цæрынц, уыдон æхсæн.