Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive - Sep 2012

September 29th

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады хъусынгӕнинаг

Хуссар Ирыстоны территорийыл гуырдзыстоны хотыхджын провокацийы фӕдыл.

September 26th

Республикӕ Хуссар Ирыстон Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады хъусынгӕнинаг БНО ГА 67 сессийы Михаил Саакашвилийы раныхасы фӕдыл

2012 азы 25 сентябры Гуырдзыстоны президент М. Саакашвили БНО ГА-ӕм сессийы йӕ раныхасы Уӕрӕсейы фӕаххосджын кодта «Гуырдзыстоны политикон процессыл бандавынмӕ бафӕлвӕрды тыххӕй, сӕрмагондӕй та арӕныл, куыд цыма Гуырдзыстоны оккупацигонд регионтӕ ӕфсад фылдӕр кӕнын ӕмӕ мастабон маневратӕ ауадзынӕй»

September 21st

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Гуырдзыстонимæ арæныл ситуацийы тыххæй

2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзыстоны гарзджын агрессийы цыппар азы фæстæ дæр ма регионы уавæр у вазыгджын, уымæн æмæ гуырдзиаг къухдариуæгады хъавд у, цæмæй сæххæст кæна егъаумасштабон провокацитæ. Гуырдзыстоны хицауиуæгад 2008 азы августы фæстиуджытæ ницæмæ даргæйæ, нæ уадзы йæ реваншистон зæрдæйыуаг.

September 18th

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады хъусынгӕнинаг

18 сентяры Республикӕ Хуссар Ирыстоны кусӕгон визитимӕ уыдис Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл Женевӕйы дунеон дискусситы Ӕмсӕрдӕртты делегации.

Фембӕлды уынаффӕ цыдис 2012 азы, октябры, чи хъуамӕ уа, Женевӕйы дискусситы уыцы радон раундмӕ бацӕттӕ кӕнынимӕ бастуӕвӕг фарстытыл.

September 5th

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Санахъоты Д.Г. Комментарий

Дзыллон информацийы фӕрӕзты дарддӕр дӕр активонӕй ныхас цӕуы 2012 азы 14 августы газет «Известия»-йы мыхуырӕрцӕуӕг ӕрмӕгыл, кӕцыйы дзырд цыдис, цыма Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. указӕй Республикӕйы сӕйраг горӕтӕн скӕсӕны ‘рдыгӕй цы цалдӕр гуырдзиаг хъӕуы ис, уыдон хъуамӕ ныххафой. Уыцы уацы тыххӕй тынг стыхстысты ныры ӕмӕ ивгъуыды гуырдзиаг политикӕйы, афтӕ ма дунеон организацийы иуӕй-иу минӕвӕртты, уыцы нымӕцы къаддӕр нациты хъуыддӕджы фӕдыл ОБСЕ Уӕлдӕр къамисар ӕлдар Воллебек.

September 4th

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг Хъуыддӕгты министрады хъусынгӕнинаг

31 августӕй 3 сентябрмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны официалон делегации РХИ Парламенты Сӕрдар Коцты Станиславы сӕргълӕудӕй уыдис Приднестроваг Молдаваг Республикӕйы, кӕцы нысан кодта йӕ хӕдбардзинад расидыныл 22 азы сӕххӕсты бон. Делегацийы сконды ма уыдысты РХИ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты тӕлмӕцты хайады xистӕр Тадтаты Сергей.