Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive - 2014

December 29th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Ацы аз, 8 декабры бафидауын кæныны æмæ æмбæстагон æмбардзинады фарстаты фæдыл Гуырдзыстоны Паддзахадон министр Закареишвили Паата фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстон цæттæ у цахæмфæндыйы формæйы диалогмæ дæр, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны Хицауиуæгадимæ дæр. Уыимæ иумæ май æ министрады куысты фæдыл æлдар Закареишвили Паата банысан кодта, зæгъгæ, уый сæйраджыдæр «йæ хъусдард здæхта абхазаг æмæ ирон æхсæнадимæ кусынмæ», кæцы фадат радта адæмы ‘хсæн æмахастытæ фидар кæнынмæ æмæ ахъаз кодта кæрæдзийыл æууæндындзинад фидар кæнынæн.

Хуссарирыстойнаг делегацийы хъусынгæнинаг дзыллон информацийы фæрæзтæн

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл дунеон дискусситы 30-æм раунды фæстиуджыты тыххæй

2014 азы 9-10 декабры Женевæйы дунеон дискусситы фæлгæтты уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл радон фембæлд. Уагъд цыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны, Абхазы Республикæйы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ делегациты, афтæ ма ЕЦ, ИНО, ЕЦÆО минæвæртты скондæй. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К.

December 14th

Бадзырд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн, йæ сæрибардзинад æрисыны тæрхон кæмæн рахастæуыд, уыцы адæймæгты æфхæрд ахицæн кæнынмæ адæттыны фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци, - дарддæр Дыууæ Фарсы,


сæ сæрибардзинад æрисыны тæрхон кæуыл уыд, уыцы адæймæгты социалон реабилитацийы процесс фæрогдæр кæнынмæ тырнгæйæ, ахæм реабилитацийæн хорз уавæртæ цы паддзахады ис, уым сын æфхæрд ахицæн кæныны бар ратгæйæ,

бадзырдтой дæлдæруæвæгыл:

Уац 1

Бадзырдæй пайда кæныны сферæ

December 11th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



2014 азы 26-30 ноябры Стамбулы уагъд цыдис аивады Æхсæнадæмон фестиваль «Ирыстоны культурæйы бонтæ Турчы», кæцыйы Уæрæсейы культурæйы министрады фарсхæцынадæй сорганизаци кодта РЦИ-Аланийы культурæйы министрад, Стамбулы ирон æхсæнад «Алан»-ы хайадистæй. Ацы æхсæнады сырæзтыл ацы аз сæххæст 25 азы.


Бæрæгбонон мадзæлттæм хуынд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. æмæ РХИ Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы фыццаг хæдивæг Пухаты К.П., афтæ ма РЦИ-Аланийы делегаци РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдары хæдивæг Токъаты Л.Х. æмæ РЦИ-Аланийы культурæйы министр Хæбæлаты Ф.С. сæргълæудæй.

December 1st

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

konsulstvo-yuzhnoy-osetii-otkrylos-vo-vladikavkaze.jpg

2014 азы 21 ноябры Дзæуæджыхъæуы бæрæгбонон уавæрты байгом Республикæ Хуссар Ирыстоны Консулон агентад.


Церемонийы хайад райстой РХИ Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Д.С., РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г., РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Такъоты С.К., РХИ УФ Уæлрадон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Хъарджиаты Э.К. æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

November 30th

Бадзырд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн кæрæдзийæн уголовон хъуыддæгты барадон æххуыс кæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци, дарддæр - Дыууæ Фарсы,


дыууæ паддзахады ‘хсæн фыдракæндты ныхмæ тох кæныны къабазы уæлдай эффективондæр æмгуыстад сифтонг кæныны фæндонимæ,

уголовон хъуыддæгты фæдыл кæрæдзийæн барадон æххуыс кæныны къабазы дыууæ паддзахады ‘хсæн ацы Бадзырды фæрцы ахастытæ сфидардæр кæнынмæ тырнгæйæ,

суверенитет, æмбардзинад æмæ æмхуызон пайдайы принциптыл бындуриуæг кæнгæйæ,

сразы сты дæлдæруæвæгыл:

Уац 1

Барадон æххуыс бакæныны фæдыл химæрайсгæ хæс

November 26th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



2014 азы 19 ноябры Цхинвалы уыдис фæсконфликтон уавæр æрбæстон кæныны фарстыты фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мураты сæргълæудæй Женевайы дискусситы хайадисæг хуссарирыстойнаг делегацийы кусæгон фембæлд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады ЕЦ, ЕÆÆО æмæ БНО Женевайы дискусситы Æмсæрдæрттимæ, кæцытæ нæ Республикæмæ æрцыдысты дискусситы радон раунды хæдразмæ.


Фембæлды рæстæджы æрдзырдтой Женевайы дискусситы тематикæйы æппæт спектрты фарстытыл, кæцытыл æруынаффæ кæнын нысан цæуы ацы аз, декабры.

November 5th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



29 октябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары Дунеон Комитеты ног сæргълæууæг Ян Мишкоцы.


Фембæлды рæстæджы дыууæ фарсы æруынаффæ кодтой дывæрсыг æмкуысткæнынад æмæ организацийы дарддæры архайдыфарстытыл Хуссар Ирыстоны. Санахъоты Д.Г. бузныг загъта Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Хуссар Ирыстоны цы проекттæ æххæст кæны, уыдон тыххæй æмæ сын банысан кодта сæ нысаниуæг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Фæстаг рæсæджы Гуырдзыстоны дзыллон информацийы фæрæзтæ се ‘мыдзаг сты ирон æмæ абхазаг адæмты гуырдзиаг къухдариуæггæнджытæ цы æнæкæрон уарзтæй уарзынц, уый тыххæй хъусынгæнинæгтæй æмæ сыл, æзфæраздæронæй, бæттынц куы се ‘фсымæрдзинад, куы сын Гуырдзыстоны сконды автономи кæй ратдзысты, куы европæйаг перспективæ.

October 31st

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

14 октябры Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Ираклий Аласания фехъусын кодта дунеон æмæхсæнады тынг æндæвдадæй Гуырдзыстон кæй райдайдзæнис Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы «деоккупаци» æмæ, зæгъы, дыууæ бæстæйы парламентты нормативон акттæн нæй ницахæм дунеон-барадон нысаниуæг.