Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive - Nov 2016

November 29th

Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æдзух цæрæг Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты пенсийæ сифтонг кæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци, дарддæр – Дыууæ Фарсы,


Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй 2015 азы 18 марты сахар Мæскуыйы фыстæрцæуæг бадзырды 8 уацы уагæвæрдтæ реализаци кæныны нысæнттæн,

пенсион ифтонгады къабазы ахастытæ бæстон кæнын æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æдзух цæрæг Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæм ахасты уыдонæн сæ пенсийы æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынмæ тырнындзинадæй къухдариуæггæнгæйæ,

сразы сты дæлдæруæвæгыл:

Уац 1

November 25th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



21 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар Италийы Мауро Мурджиа фембæлд Пезаро-Урбинойы Базарадон-амалиуæгадон палатæйы Сæрдар Альберто Друдиимæ.


Ныхасы рæстæджы дзырд цыд Хуссар Ирыстонимæ базарадон-экономикон æмгуыстады гæнæнтыл æмæ ма иуæй-иу кæрæдзийæн цымыдисаг фарстатыл.

November 22nd

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



22 ноябры Цхинвалы уагъд æрцыд Женевæйаг дискусситы делегацийы хуссарирыстойнаг хайадисджыты сæ сæргъ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К. фембæлд Женевæйаг дискусситы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æмсæрдæрттимæ ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ, кæцытæ æрцыдысты Республикæмæ дискусситы 38-æм раунды агъоммæ.


Фембæлды рæстæджы дзырдæуыд, ацы аз 13-14 декабры Женевæйаг дискусситы радон раунды рæстæджы цы проблемæтыл хъуамæ цæуа дзырд, уыдоныл.

November 19th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы комментари

2016 азы 15 ноябры телеканал «Звезда»-йы Мæхъæлы Республикæйы сæргълæууæг Юнус-Бек Евкуровы номыл арæзт программæ «Легенды армии»-йы фæдыл

Мах æнæмæнгхъæуæгыл нымайæм æппæты серьезондæр хъусдард аздахын, уæрæсейаг телеканал «Звезда»-йы Мæхъæлы Республикæйы сæргълæууæг Юнус-Бек Евкуровы номарæн программæ «Легенды армии с Александром Маршалом»-ы 1992 азы фæззæджы ирон-мæхъæлон конфликты цаутæм хауæг историон фактты радон фальсификацийы афæлвæрдмæ. Алæвæрды спайда чындæуыд ирæтты æфхæрæн формулировкæтæй, историон факттæ дзы зыгъуыммæгонд æрцыдысты, ногæй та ирон адæмы аххос скодтой сыхаг адæмты æхсæн цы амæттæгтæ, хæдзархæлдтæ æмæ æууæнчы сайдæрцыд, уыдæттæ.

November 18th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари

УФ ПД ФС депутат Л.Калашниковы фидиуæны фæдыл

Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы депутат Леонид Калашников 2016 азы 16 ноябры йæ интервьюйы «РИА Новости»-йæн загъта, зæгъгæ, «… кæд Молдовæйæн йæ территориалон конфликт – Днестыргæроны райхалын йæ къухты бафта, конфедераци саразыны хуызы, æмæ уыцы рæстæджы Уæрæсеимæ дæр рæзын кæна йæ ахастытæ, уæд уый уыдзæн Гуырдзыстон æмæ Украинæйы конфликттæ райхалынæн калькæ».

November 17th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



17 ноябры Республикæ Хуссар ИрыстоныФæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Минæварады Сæрдар Нальан Антмены.


Ныхасы рæстæджы дзырд цыд Хуссар Ирыстоны МККК-йы Минæварады архайдыл, сæрмагондæй цæрджыты иуæй-иу категоритæн нысанон социалон æххуысыл. Уыимæ ма ныхас цыд æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт рабæрæг кæныны фарстатыл иумæйаг архайдыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. дзаупп ИА ТАСС-ы корреспондентæн

dzhioev_m.k.jpg

- Цавæр сæйраг фарстатыл цæудзæн дзырд, 13-14 декабры Женевæйаг дискусситы цы радон раунд хъуамæ уа, уым?


— Ног къуыри радон раунды агъоммæ æнхъæлмæ кæсæм Женевæйаг дискусситы æмсæрдæртты делегацийы æрцыдмæ.

Æрæджы телефоны ныхас кодтам Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Даур Ковеимæ. Æрдзырдам Женевæйаг дискусситы рæстæджы нæ иумæйаг тактикæйыл, фыццаджыдæр тыхæй ма спайда кæныны фарстатыл. Архайдзыстæм, цæмæй хайадисджытæ активондæрæй кусой ацы документыл. Æрдзырдтам-ма адæймаджы барты фарстайыл дæр. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ гуырдзиаг къухдариуæгад аразы æппæтдæр, цæмæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æмбæстæгтæн ма уа фæсарæнтæм цæуæн, алыхуызон ныхдуртæ æвæры визæтæ радтыны хъуыддаджы, культурон мадзæлтты хайад исты.

November 15th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

15 ноябры телефонæй ныхас уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Кове Д.В. æхсæн. Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд дыууæварсон æддагон-политикон ахастыты актуалон аспекттыл.


Сæрмагондæй, дзырд цыд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы радон раунды цы фарстатæ уыдзæн, уыдоныл.

November 11th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



11 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат йæхимæ райста хæдбар æхсæнадæмон эксперт Душан Игньятовичы, кæцы ОБСЕ-йы æрхуындмæ гæсгæ 2015 азæй фæстæмæ архайы Гуырдзыстоны агрессийы фæстиуæгæн Хуссар Ирыстоны æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты ссарыныл.

November 10th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари

Æрæджы дзыллон информацийы фæрæзты фæзындысты Гуырдзыстоны патриархийы делегаци æмæ Хуссар Кавказ æмæ Централон Азийы НАТО-йы Генералон секретары минæвар Джеймс Аппатурайы фембæлды тыххæй публикацитæ. Гур æмæ Атъены митрополит куыд загъта, афтæмæй фембæлды рæстæджы дзырд цыд «Абхаз æмæ Самачаблойы уæззау уавæрыл».