Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive - May 2017

Date

May 28th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-релиз

Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт райсыны боныл 25 аз сæххæсты цытæн

1992 азы майы 28-29 бонты Гуырдзыстоны хотыхджын агресси Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ æмæ тугкалæн хæст куы сытынг сты, уæд Цхинвалы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы сесси, цыран ист æрцыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт.

May 21st

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фидиуæн

20 майы æрвылаз Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц «Гуырдзиаг агрессийы амæттæгты мысæн бон». Ацы бон 25 азы размæ ирон хъæу Зармæ æввахс фæндагыл Гуырдзыстоны хотыхджын æфсад бакодтой æвирхъау фыдракæнд. Фæсфæдæй комкоммæ æхст æрцыд Хуссар Ирæй Цæгатмæ цæуæг лигъдæтты колоннæ. Ацы фыдракæнды фæстиуæгæн бабын 33 адæймаджы – сæ фылдæр сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ, 20 адæймаджы бæрц райстой уæззау цæфтæ.

May 19th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари

Женевæйаг Æхсæнадæмон Дискусситы Æмсæрдæртты Цхинвалмæ æрцыды фæстæ Гуырдзыстоны цы хъаугъа сæвзæрд, уый æфтауы дисы æмæ æвзæрын кæны фыдæнхъæлц Хуссар Ирыстонмæ ахасты Гуырдзыстоны политикæ цы приоритеттыл бындуриуæг кæны, уымæ. Ацы хатт та Тбилисы сæвзæрд, бамбарæн кæмæн нæй, ахæм карз реакци, Женевæйаг Æхсæнадæмон Дискусситы Европæйаг Цæдисæй Æмсæрдар г-н Герберт Зальберг фембæлды рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анантолийæн кæй раарфæ кодта йæ ног бынаты куысты райдианы охыл, уый тыххæй.

May 17th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



16 майы Цхинвалы уагъд æрцыд Женевæйаг дискусситы делегацийы хуссарирыстойнаг хайадисджыты, сæ сæргъ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М.К. кусæгон фембæлд Женевæйаг дискусситы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æмсæрдæрттимæ ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ, кæцытæ æрцыдысты Республикæмæ дискусситы радон раунды агъоммæ.


Фембæлды рæстæджы бæстонæй æрдзырдæуыд 20-21 июнмæ снысангод Женевæйаг дискусситы радон раунды рæстæджы ныхас цы проблемæтыл хъуамæ цæуа, уыдоныл. Женевæйаг дискусситы сæйраг фарстайæ зайы бакуыст юридикон тых кæмæн уыдзæн, ахæм дыууæварсон документыл Гуырдзыстоны æрдыгæй тыхæй ма спайда кæныны фæдыл.

May 12th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

10 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон делегаци Президент Бибылты А.И. сæргълæудæй ацыд г.Донецкмæ Донецкы Адæмон Республикæ расидыны æртыккаг азы цытæн бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсыны охыл.


11 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты А.И. æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы Президент Захарченко А.В. сæ къухтæ æрфыстой Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы æхсæн Хæларад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы тыххæй бадзырдыл.

Бадзырдмæ гæсгæ дарддæргонд цæудзæн æмахастыты райрæзт политикон, экономикон, социалон, культурон æмæ æндæр кæрæдзийæн цымыдис чи у, ахæм къабæзты.

May 9th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари

Куыд рабæрæг ис, афтæмæй 3 майы Европæйы Цæдисы Министрты Комитет (ЕЦМК) йæ боны фæткы æвæрд фарста «Европæйы Цæдис æмæ конфликт Гуырдзыстоны»-йы фæдыл райста ахæм абсурдон уынаффæ, кæцымæ гæсгæ Уæрæсе æнæнхъæлæджы сси гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг конфликты фарсытæй иу, æмæ, зæгъгæ, хъуамæ хæсса æхсæнадæмон-барадон бæрндзинад цы «æнæгъдау митæ» дзы цæуы, уыдон тыххæй.

May 4th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

3 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты Минæварады Хъахъхъæнынады хайады сæргълæууæг Жюльен Колюмойы йæ миссийы фæуды охыл.


Джиоты Мурат бузныджы ныхæстæ загъта г-н Колюмойæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадæмон Сырх Дзуары Комитеты Минæварады пайдахæссæг куысты йæ хайбавæрды тыххæй æмæ йын раарфæ кодта йæ дарддæры архайды æнтыстытæн.