Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2016 азы 10 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Козаты Н.З. радта æууæнчы грамотæтæ Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Президент Николас Мадуромæ. Церемони уыд президенты галуаны Мирафлоресы.


Президент Мадуро минæвæрттæн Венесуэлæйы адæмы номæй йæ арфæйы ныхасы бахахх кодта, паддзахадты æхсæн æхсæнадæмон барад æмæ æмгуыстады бындурыл арæзт ахастытæ ахсджиаг кæй сты, уый.

Церемонийы хайад истой Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Делси Родригес, Коммуникациты æмæ информацийы министр Луис Хосе Маркано æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.


Цхинвал, 2016 азы 12 август