Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



24 августы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат райста йæхимæ Республикæ Никарагуа æмæ Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Козаты Наримы.


Ныхасы рæстæджы Минæвар базонгæ кодта Министры йæ балцы деталтимæ Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæмæ, цыран уый кадджын уавæры радта æууæнчы грамотæтæ Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Президент Николас Мадуромæ.

Джиоты Мурат загъта бузныджы ныхæстæ Козаты Наримæн йæ бакæнгæ куысты тыххæй æмæ йын нæ бæстæты æхсæн хæларадон ахастытæ аразын æмæ уæрæх кæныны хъуыддаджы æнтыстытæ цы уа, уыцы арфæ ракодта.


Цхинвал, 2016 азы 24 август