Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари
Хуссар Ирыстоны раджы бамбæрстой гуырдзиаг политиктæ æмæ сæ ныгуылæйнаг партнертæн сæ бон кæй нæу рационалон аргументтæ бамбарын, уый. 2008 азы, Гуырдзыстоны сабырадмæ тыхæй æркæныны фæстæ регионы 9 азы дæргъы цы сабыр æмæ æнцад цард ис, уымæй бамбарæн уыдис, Гуырдзыстоны æдасдзинад, территориалон иудзинад æмæ суверенитетæн ССРЦ-ы фехæлды фæстæ цы реалон арæнтæ уыд, уыдонæн тас ницæмæй у.
Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг партнертæ æнæхъуаджы цырын кæнынц гуырдзиаг хицауады реваншистон амбицитæ искæй территоритæ «раздахын» æмæ хæдбардзинад банымайыны хъуыддаг аивыны иллюзитæй. Уæрæсе Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уымæй сифтонг кодта Хуссар Ирыстоны адæмы æдасдзинад æмæ стабилондзинад, Гуырдзыстоны территорийæ цы тæссагдзинад цыд, уый снейтрализаци кодта. Мæскуыйы иудадзыгон курс хæдбар паддзахадæн æмæ йæ адæмæн æххуыс кæнын æмгуыстады алыхуызон сферæты æмæ УФ-йы уынаффæ РХИ-йы хæдбардзинад банымады тыххæй æнæаивгæ кæй у, уый бирæ хатт банысан чындæуыд уæрæсейаг хицауады фарсы æрдыгæй.
НАТО æмæ АИШ-ы фæтынгдæргонд хъусдард Гуырдзыстонмæ, кæцытæ географион æгъдауæй сыхагиуæг дæр кæимæ нæ кæнынц, уыцы Гуырдзыстонимæ нысан кæны æрмæстдæр иу хъуыддаг – гуырдзиаг территори сабыргай кæй цæуы аннексигонд дарддæр дзы цæмæй НАТО-йы æфсæдтæн плацдарм сарæзтæуа, уый тыххæй, æмæ регионы дарддæры дестабилизацимæ сæ фæндтæ сæ къухты бафтын кæныны охыл.
Фæсконфликтон æрбæстонкæнынады æнæаскъуыддзаггонд фарстаты артмæ æдзухдæр зынджытæ æппарыны фæстиуæгæн регионы ситуаци цырындæр кæндзæн. НАТО Гуырдзыстоны йæ уæвынад кæй фылдæр кæны æмæ йын йæ æфсæддон æххуыс кæй фылдæр кæны, уый дæр къаддæр зианхæссæг нæу Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы атмасферæйæн.
Цхинвал, 2017 азы 3 март