Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари

Дзыллон информацийы къорд фæрæзтæ апарахат кодтой хъусынгæнинаг мароккайиаг полиции æмæ æфсæддонтæ палаткæйы лагерь Грейм Изик кæй ныппырх кодтой, уый тыххæй. Лагерь сарæзтой бынæттон цæрджытæ горæт Эль-Аюнамæ хæстæг ныгуылæн Сахарайы хайы, кæцыйыл контроль кодта мароккайнаг администраци. Хъусын чындæуыдис, зæгъгæ, быцæуæмбæлды рæстæджы фæмард сты цалдæр адæймаджы, дæсгай адæймæгтæ фесты цæфтæ æмæ райстой травмæтæ, мароккайаг хицауиуæггæнджытæ дарддæр дæр ныхдуртæ аразынц, цæмæй журналисттæ уагъд ма ‘рцæуой Эль Аюнæйы районмæ.

Фронт ПОЛИСАРИО-йы зонæнтæм гæсгæ цау у бирæ тæссагдæр. Бафхæрды амæттæгтæ ныгæд кæм æрцыдысты, уым ссардтой 16 сылгоймаг æмæ 18 æвзонг нæлгоймаджы мæрдтæ. Æсоккупацигонд Ныгуылæн Сахарайы столицæйы æххæст цæуынц карз репресситæ бынæттон цæрджыты ныхмæ, уынгты ис бирæ мæрдтæ, фæлæ мæрдтæ æмæ цæфты нымæцæн базонæн нæй.

Мароккайы оккупацийы зонæйы цы цæуы, уый æвзæрын кæны стыр тыхстдзинад гуманитарон ситуацийы рæзтæн. Тыххæй дзурыны фæдыл Рабаты бафæлвæрд ситуации кæны ноджы æвзæрдæр æмæ аразы тынгæй-тынгдæр чи кæны, уыцы сгуыппæвонг ситуацийы тæссагдзинад. Уæвæг проблемæтæ скъуыддзаг кæныны иуæй-иу бындур гæнæн ис æмæ уой æрмæстдæр иумиагæй райстгонд дунеон-барадон нормæтæ æмæ дунеон æмæхсæнад та фидыды цæстæй ма хъуамæ кæса дунейы кæцыфæнды хайы дæр æмбæстæгтæн тыхми кæнынимæ æмæ тырна, цæмæй Ныгуылæн Сахарайы цауты бынатмæ сæрибарæй уа гуманитарон æххуысы фæдыл бацæуæн.

Цхинвал,
2010 азы 12 ноябры