Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мураты дзуаппытæ радиостанц «Голос России»-йы фарстытæн

Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты къордывæрсыг фидыдыл. Сæ архайд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федераци куы банымадта 2008 азы 26 августы, уæд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн арæзт æрцыдис Бадзырд хæлардзинад æмæ æмгуысткæнынады фæдыл. Бадзырдыл Кремлы къухтæ фыст æрцыдис 2008 азы 17 сентябры æмæ ацы уæрæхфæлгæджын базарадон Бадзырд ратификаци æрцыдис дыууæ бæстæйы Парламентты дæр. Йæ адарддæр кæнын æмæ рæзты хъуыддаджы ныридæгæн къухтæ фыст æрцыдысты æхсæнпарламентон, æхсæнхицауадæн æмæ уагдонон характер кæмæн ис, 50 ахæм фидыд æмæ бадзырды. 20 фидыдæй фылдæр ма та сты бакусыны стадийы. Уыдоны сты нæ паддзахады æмархайды æппæт сферæты дæр, сæрмагондæй та ныры онг къухтæ цы фидыдадтыл æрцыдысты фыст æмæ сæ тыхы чи бацыдысты, уыдонмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл ис уæрæсейаг тыхты контингент – 4-æм æфсæддон базæ, кæцы хъахъхъæны Республикæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинад. Афтæ ма дывæрсыг фидыдадæй къухтæ фыст кæуыл æрцыдысты, уыцы фидыдмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл сты уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ, кæцытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнхъахъхъæнæг службæтимæ иумæ ифтонг кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны арæнты æдасдзинад. Къухтæ фыст æрцыдысты æмæ йæ тыхы бацыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты кæрæдзимæ æнæвизæйæ цæуыны фидыд, экономикон сферæйы къухтæ фыст æрцыдысты барадхъахъхъæнæг тыхты æнæхъæн къорд фидыдтыл, къухтæ ма нæм фыст æрцыдысты, цæмæй Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны бакæна культурæ æмæ информацийы центртæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон та Уæрæсейы Федерацийы. Афтæ, æмæ ма йæ куыд загътон, афтæмæй 20 фидыдæй фылдæр сты къухтæ сыл æрфыссыны стадийы.

Республикæ Хуссар Ирыстонæн ма ноджыдæр кæцы паддзахадтимæ ис хæларадон ахастытæ?

Республикæ Хуссар Ирыстон, куыд паддзахад, афтæ 20 азæй фылдæр у хæдбар æмæ архайæг, цæмæй рæзын кæнæм хæларсыхагон ахастытæ æмæ аразæм хæларадон бастдзинæдтæ æппæт бæстæтимæ дæр. Абоны бонмæ Республикæ Хуссар Ирыстон официалонæй нымад у æмæ дипломатон ахастытæ сарæзта Республикæ Абхазимæ, Никарагуаимæ, Венесуэлаимæ æмæ Науруимæ. Абхазимæ нынрагæй ис Бадзырд хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады тыххæй, хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады тыххæй къухтæ фыст æрцыдысты Никарагуаимæ, Венесуэлаимæ. Ацæугæ къуырийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент ратификаци сарæзта, нæ дыууæ фарсæндæр æмкуысткæнынады пайда чи сты, уыцы документтæн. Нæ ахастытæ рæзын кæнæм æндæр бæстæтимæ дæр, архайæм, цæмæй ахастытæ аразæм, куыд Советон Цæдисы бæстæтимæ – Хæдбар Паддзахадты Цæдисы бæстæтимæ, афтæ Европæ, Латинаг Америкæ, Океанийы æмæ дунейы æппæт бæстæтимæ дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн куысты цахæм фæдæздæхтынтæ сты приоритетон?

Фыццаджыдæр, нæ æттагонполитикон архайды бындурон фæдаздæхты, сæйраджыдæр хъус дарæм, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстонæн аккаг бынат сифтонг кæнæм дунеон æмхæларады, йæ имидж ын скæнæм иууыл стырдæр хъусдарды аккаг, æмæ цас гæнæн ис, афтæ уæрæхдæрæй аразæм нæ ахастытæ дунейы æппæт бæстæтимæ дæр. Уымæй дарддæр ма нæ æттагон политикæйы иууыл ахсджиагдæр фæдæздæхт уыдис æмæ у Уæрæсейы Федерациимæ æмкуысткæнынад. Ды уый хорз зоныс æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон политикон æгъдауæй ориентаци кæддæриддæр арæзта Уæрæсейы Федерациимæ. Уыимæ нын æмбастдзинæдтæ ис нæ царды æппæт архайдты дæр. Республикæ Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаг у официалон æвзаг, æнæниздзинад хъахъæныны æмæ социалон рæзты нæ экономикæ иууылдæр баст у Уæрæсейы Федерациимæ, ноджыдæр май æ зæгъын, нæ æттагонполитикон архайды нын иууыл ахсджиагдæр фæдæздæхтытæй сæ иу у Уæрæсейы Федерациимæ бастдзинæдты дарддæры рауæрæхдæр æмæ арфдæр кæнын. Уыцыиу рæстæджы ма нын ахсджиаг у, цæмæй дунейы æппæт бæстæтимæ дæр аразæм хæларадон, æмбар æмæ партнерон ахастытæ. Нæ паддзахадæн ма йæ æттагонполитикон архайды ахсджиаг фæрæзтæй сæ иу у Гуырдзыстонимæ йæ ахастытæ æрбæстон кæнын, кæцыимæ Республикæ Хуссар Ирыстонæн 2008 азы онг уыдис конфликты уовæр. Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ сарæзта цалдæр агрессийы, фæлæ ныр мах цæттæ стæм хæларсыхагон ахастытæ саразынмæ, уымæн æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстон сты кавказаг паддзахадтæ. Мах сыхæгтæ стæм æмæ уымæ гæсгæ, раджы уа æви æрæджы, уæддæр хъæуы, цæмæй нæ паддзахадты ‘хсæн арæзт æрцæуой æмбар, хæларадон ахастытæ.

Дæ фæндиæгтæ радиомæхъусджытæн?

Не ‘ппæтæн дæр сабырад. Абон у нысаниуæгджын бон. Абон сæххæст 70 азы Стыр Фыдыбæстæйон Хæсты райдианыл æмæ мæ алкæмæн дæр фæнды, цæмæй мачиуал æмæ макуыуал бафæлварæ йæ уæлæ хæсты азар. Не ‘ппæтæн дæр – сабырад æмæ хæрзиуджытæ.