Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментаритæ Гуырдзыстоны Францы президент Н.Саркозийы раныхасы фæдыл

2011 азы 7 октябры Францы президент Николя Соркози йæ визиты рæстæджы Тбилисы бирæминон митингы йæ раныхасы цы загъта,уый бирæ фарстытæ сывзæрын кодта Кавказы сабырад æмæ стабилондзинады хъысмæт æцæгæй кæй æндавы,уыдонмæ.Æрмæст ууыл дæр куы ахъуыды кæнæм æмæ Гуырдзыстоны президентимæ иумæ ахæм æндыгъд уавæр,кæцы æндæвта канд Гуырдзыстоны цæрджытыл нæ,фæлæ ма францаг æвзарджытыл дæр,уыцы паддзахадон хорзæхтæ кæрæдзийæн дæттын,йæ иттæг эмоционалон раныхасы нæ зыны 2008 азы,августы,æцæгæйдæр,Уæрæсейы президент Д.А.Медведевимæ бирæ тых чи бахардз кодта æмæ Кавказы кризисæй рахизыны планыл чи бадзырдта,уыцы президенты.Ацы кризис уыдис уæд растдæр Гуырдзыстон кæй сарæзта йæ президент Саакашвилиимæ,уый бафидар æрцыдис 2009 азы фæззæджы Евроцæдисы хæдбар Къамисы доклады дæр.Уый ма 2011 азы июны фехъусын кодта Францы минæвар Гуырдзыстоны Эрик Фурнье.Уый Хуссар Ирыстоны хæст райдайыны тыххæй дзургæйæ,загъта,зæгъгæ,Гуырдзыстонæн Хуссар Ирыстоны адæммæ ахасты йæ бон нæу йæ архайдтыты тыххæй бæрндзинад æндæр искæуыл сæвæрын.

Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы Гуырдзыстонæй «кæй ралыг чындæуыдис»,æхæм уæнгтæ æмæ сæ изоляцигонд псевдо-паддзахадтæ схонын,кæд æппын ницы,уæддæр у факттæ сзыгъуынммæ кæнын.Куыд зыны,афтæмæй цытджын президент йæ минæвар Эрик Фурньейы хъауджыдæр,нæ зоны уый æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон 1990 азы кæй сырæзтис æмæ Хуссар Ирыстоны адæм сæ хæдбардзинады тыххæй референдумы кæй фехъусын кодтой,уæд ма чи архайдта,уыцы советон закъондæттынады æмæ дунеон барады бындурыл.Республикæ Хуссар Ирыстон расидт æрцыдис раздæры Хуссар Ирыстоны автономон областы арæнты æмæ нæдæр 1990 азы,нæдæр 2008 азы искæй территорийæ иунæг метр дæр нæ байста.

Æлдар Саркози йæ раныхасы Уæрæсейы фæаххосджын кодта,зæгъгæ,йæ химæрайсгæ хæстæм акастис куыдфæндыты цæстæй, «дзæвгар æфсæддон тыхтæ,дам,уым,канд зайгæ нæ бакодтой,фæлæ ма,зæгъы,ноджыдæр фæхъомысджындæр кодта Гуырдзыстоны къæсæрыл».Афтæмæй та 2008 азы 21 октябры Европарламенты депутаты раз ныхас кæнгæйæ Францы президент фехъусын кодта,зæгъгæ,Уæрæсейы президент Дмитрий Медведев кæронмæ сæххæст кодта йæ дзырд.Афтæ æмæ Никола Саркози йæ ныхæстæй цæуы йæхи ныхмæ.

Уæрæсейы Федераци,æцæгæйдæр,кæронмæ сæххæст кодта 2008 азы 12 августы Медведев-Саркозийы планмæ гæсгæ йæхимæ цы хæстæ райста,уыдон.Гуырдзиаг агрессорты Уæрæсейы æфсад сразы кæнын кодта сабырадмæ æмæ 2008 азы октябры ацыдис Гуырдзыстоны территорийæ,суанг ма Медведев-Саркозийы план кæдмæ уыдис,уымæй дæр раздæр.Гуырдзыстоныл дзырд куы цæуа,уæд уый абоны онг дæр цæттæ нæма у,юридикон æгъдауæй йæ хæсджын чи кæны тыхæй ма спайда кæныны тыххæй,уыцы документыл къух æрфыссынмæ,афтæмæй йæ къухдариуæгад дарддæр кæны йæ реваншистон зæрдæйы уаг.

Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ныры ахастытыл дзургæйæ,зæгъын хъæуы,уыдон арæзт кæй цæуынц бадзырдон-барадон бындурыл æмæ æххæстæй дзуапп дæттынц дунеон райсгæ нормæтæн.Уæрæсейы æфсад Хуссар Ирыстоны территорийыл сты раздæр æмбæлон дывæрсыг сразыдзинæдты бындурыл,бынæтты цæрджыты æдасдзинад ифтог кæнгæйæ.

Æмткæй сæвзæрдис ахæм хъуыды æмæ Саркозийы Ныхас цæттæгонд æрцыдис Тбилисы æмæ йæ Францы президент бакастис.Æртæ азы фæстæ æвзæр нæ уыдаит 2008 азы августы трагедийæ урок райсын æмæ дзы регионы ног реалондзинæдтæ бахынцын,зондджын амындтæм байхъусын,Гуырдзыстоны президенты ног «сгуыхтдзинæдтыл»ма ардауын æмæ нысанмæ-здæхтæй гуырдзиаг æхсæнадыл ма бастауа,суверенон чи ссис,уыцы Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз «иууон» гуырдзыстойнаг паддзахады скондмæ бакæныны тыххæй реинтеграцийы тыххæй æнæмæнгхъæуындзинады хъуыды.

Цхинвал,2011 азы 11 октябр.