Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Гуырдзыстоны парламент «Националон æдасдзинады концепци» кæй райста, уый фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

2011 азы 23 декабры Гуырдзыстоны парламент сфидар кодта националон æдасдзинады ног концепци. Фæзты кæцыфæнды концепци бакусын æмæ æххæст кæнын, кæй зæгъын æй хъæуы, алы паддзахадæн дæр у йæ суверенон бар. Фæлæ ацы хъуыддаджы гуырдзиаг документ у радон цæстфæливæн пропагандистон архайд, кæцыйы нысан, сæйраджыдæр, у гуырдзиаг хицауиуæгады ныгуылæйнаг аудджыты тыххæй цы ныхæстæ цæуы, уыдон банымæг кæнын æмæ сын сæ интерестæ бахъахъхъæнын.

Концепцимæ гæсгæ Гуырдзыстоны æдасдзинады сæйрагдæр тасдзинад у «Уæрæсейы Федераци Гуырдзыстоны территории кæй сокупаци кодта», уый, æмæ дзырд оккупацигонд территоритыл куы цæуа, уæд Гуырдзыстон цæттæ у кæройнаг статусмæ ма æркæсгæйæ, сабырадон прцессы райдиан этапы æмкуысткæнынад райдайа Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ.

Гуырдзиаг документы ахæм тезистæ принципы куыд йæ æргом базаргæнæг удыхъæд, афтæ уыдон дæр æнæнхъæлæджы никæмæн уыдысты. Гуырдзыстоны хицауад Уæрæсейы хицауадæй æппынæдзух аразы знаджы фæлгонц, цæмæй 2008 азы августы йæ аххосаг æмæ регионы ныры ситуацийы уавæр сæвæра ууыл, стæйма цæмæй йæхи сæрмагонд адæмы хъусдард аздаха, бæстæйы мидæг чии с, уыцы вазыгджын социалон-экономикон æмæ политикон ситуацийæ æндæры ‘рдæм. Уый фæдыл Хуссар Ирыстон бирæ хæттыты хъусын кодта, зæгъгæ, æмбарынад «оккупацигонд территоритæ», уымæ никуыд нæ хауынц æмæ ницы хуызы характерон не сты уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастытæн, суверенон Республикæ Хуссар Ирыстоны территории бынтондæр ницы тасдзинад æвзæрын кæны Гуырдзыстоны æдасдзинадæн.

Документæн иууыл диссагдæр та у йæ уыцы хай, кæцыйы дзырд цæуы, цыма Гуырдзыстон цæттæ у, «Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы статусмæ кæронмæ не ‘ркæсгæйæ, къахдзæфтæ араза регионы стабилизацийы фæдыл».

Хуссар Ирыстоны статус йæ адæм раджы сбæлвырд кодтой æмæ йыл нæ хъæуы уынаффæ кæнын. Гуырдзыстоны къухдариуæгад 20 азы дæргъы йæ фыдракæндон архайдтытæй, кæцытæй сæйраг ссис 2008 азы августы агрессии, Хуссар Ирыстоны ныхмæ æмæ кæцыйæ йæхи къухæй ныххах кодта раздæры Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинады фарстыл Гуырдзыстоны ССР фæлгæтты. Уыцы агрессивон политикæйы фæстиуæг ссис дунейы картæйыл дыууæ ног нымад паддзахады фæзынд, кæцытæ тырнынц регионы стабилондзинадмæ æмæ æппæт паддзахадтимæ дæр хæларсыхагæн ахастытæ аразынмæ.

Кæд Гуырдзыстоны хицауад, æцæгæйдæр, цæттæ у Республикæ Хуссар Ирыстонимæ йæ ахастытæ нормализаци кæнынмæ, уæд фыццаграды, хъуамæ сразы уа тыхæй ма спайда кæныны тыххæй йæ юридикон æгъдауæй чи хæсджын кæна, ахæм документыл йæ къух æрфыссыныл. Фæлæ регионы æдасдзинад сифтонг кæныны ахæм реалон къахдзæф саразынмæ Гуырдзыстоны хицауад, куыд зыны, афтæмæй цæттæ нæу.

Цхинвал, 2011 азы 30 декабрь