Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мураты комментарий, Гуырдзыстоны президент европæйаг делегациимæ фенбæлыныл кæй не сразы, кæд æмæ йе сконды уой Дитер Боден æмæ Роберт Бош, уый охыл

Дзыллон информациты фæрæзтæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Гуырдзыстоны президент Саакашвили не сразы европæйаг дыууæ дзырдзæугæ организаци - немыцаг Маршалы фонд æмæ Роберт Бошы фонды делегацитæ райсыныл, кæцытæ пълан кодтой апрелы Гуырдзыстонмæ æрцæуын, кæд æмæ зæгъы, делегациты сконды уой зынгонд немыцаг дипломат, ныртæккæ Бошы фонды эксперт Дитер Боден æмæ Кæрдæггъуызты партийæ Германы Бунденстагы депутат Виола фон Крамон. Уый фæстиуæгæн визит урæд æрцыдис æмæ Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад та архайы Германы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн йæ аххосаг бамбарын кæныныл. Ацы ситуацийыл йæ комментаритæ саразыны тыххæй информацион агентад «Рес»-ы уацхæссæг бахатыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Муратмæ

– Æцæгдæр, Гуырдзыстоны хицауиуæгад радон хатт фенын кодта уый, æмæ ма сын суанг Ныгуылæны дæр хæлардзинады ахастытæ алкæимæ кæй нæй. Æлдар Саакашвили æмæ йæ алыварс чи ис, уыдон Нгуылæны официалон адæймæгтæ æмæ организациты ‘рдыгæй æппынæдзух дзыллон фарсхæцынадыл фæцайдагъ уæвгæйæ, сæ интерестæн сын дзуапп чи нæ дæтты, цахæмдæриддæр ахæм информацийыл кæнæ амындтыл дæр знаджы цæстæй æмбæлыныл, «рæдыд чи ‘руагъдта», уыцы политиктæ æмæ дипломатты ныхмæ æвæститатæй тох расидыныл.

Ацы хатт та гуырдзиаг хицауиуæгадæн æнæуынон систы немыцаг дипломат æмæ Бундестагы депутат æрмæсдæр уый тыххæй, æмæ объективонæй загътой Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны, Гуырдзысдон æмæ Абхазы ахастыты ситуациты стабилизацимæ ганæнуæваг фæндæгты тыххæй. Минæвар Дитер Боден бирæ азты дæргъы куыста нæ регионы æмæ ситуаци, Ныгуылæны мыхуыр чи цæуы, уыцы æрмæджытæм гæсгæ нæ, фæлæ зоны мидæгæй.

Гуырдзыстоны Европæйы Цæдисы æдасдзинады советы раздæры сæргълæууæг уæвгæйæ та архайдта гуырдзиаг-абхазаг конфликт банывыл кæныныл. Æмæ, æгæрыстæмæй, уæд Гуырдзыстоны официалон бынæттæ куы ахста, уæд дæр æлдар Боден кæддæриддæр хицæн кодта йæ объективондзинадæй, бæрзонд компетентондзинадæй, нæ коммæ кастис гуырдзиаг хицауиуæгады амбицитæм.

Ныр та Саакашвилийы зæрдæмæ нæ фæцыдис йæ ахæм хъусынгæнинагæй, зæгъгæ, Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинад у иллюзи æмæ, зæгъгæ, Тбилис хъуамæ хатыр ракура абхазæгтæй æмæ ирæттæй, нацистон Герман йæ амæттæгты раз хатыр куыд ракуырдта, афтæ.

Æлдар Боден загъта, æцæгæйдæр, раст цы у, уый. Хуссар Ирыстон никуы хаудис Гуырдзыстоны скондмæ æмæ йын ницахæм ахаст ис Гуырдзыстонмæ. Гуырдзыстоны ССР скондмæ йæ бакодтой большевиктæ 1922 азы. 1990 азы июны Гуырдзыстон æххæстæй аивта, ГССР советон дуджы цы закъондæттынадон актæ райста, уыдон, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны автономон областы ГССР скондмæ бакæныны тыххæй декрет дæр. Уымæй куынæг æрцыдысты Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстоны ССР сконды уæвыны тыххæй æппæт юридикон бындуртæ дæр.

Гуырдзыстоны паддзахад дунеон æмæхсæнады банымадæй фæстæмæ та йе сконды Хуссар Ирыстон никуы уыдис. Афтæ, алыгъуызон ныхæстæ, уыцы нымæцы уый дæр, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны территории Гуырдзыстоны хай у, канд иллюзии нæ, фæлæ ма сты пропагандистон миф дæр. Æмæ Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ агрессии кæй сарæзта, уый æрмæст Боден, мыййаг, нæ загъта. Евроцæдисы хæдбар къамис фактты бындурыл сбæлвырд кодта 2008 азы хаст растдæр Гуырдзыстон кæй райдыдта æмæ Гуырдзыстоны уый æмбæхсгæ дæр ничиуал кæны.

Æз зæрдыл æрлæууын кæндзынæн æрмæстдæр Гуырдзыстоны раздæры президент Шеварнадзе газет «Асавал-дасавали»-йæн цы
интервью радта, уым цы загъта, уый, зæгъгæ, дам, «Евроцæдисы компетентон къамис сбæлвырд кодта, фыццаг æхст мах кæй фæкодтам».

Хатыр ракурыныл дзырд куы цæуа, уæд мах бирæ хæттыты хъусын кодтам уый æмæ дунеон æмæхсæнад æвзæрыл кæй нымайы Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ цы агрессии сарæзта, уый æмæ уый тыххæй æрфæсмон кæнын æруазал кæнит Тбилисы бирæ цырен сæрты æмæ, гæнæн ис, ахъаз кæнит прогрессæн дæр æмæ Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дунеон дискусситы артистæн дæр. Гуырдзыстоны хицауиуæгадызæрдæмæ чи нæ цæуы, уыцы архайджыты æмæ дипломаты ныхмæ цæуыны политикæ рагæй уагъд цæуы. Нæ зæрдыл уый уæддæр æрлæууын кæнæм мæм Гуырдзыстонæй 2008 азы августы хæсты хæдразмæ Гуырдзыстоны Евроцæдисы æдасдзинады советы мисситы уæды сæргълæууæг, англисаг дипломат Рой Рива фактон æгъдауæй сырд кæй æрцыдис.

Уый Саакашвилийы раз «фæаххосджын» уымæй æмæ уыдта, Гуырдзыстоны сæхи хæстмæ кæй цæттæ кодтой æмæ уый уынгæйæ, архайдта сæртæг сабырад уæддæр цæмæй æрцыдаит хъахъхъæд, бирæ хæттыты хъусын кодта Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн хъуыддæгтæ бæстон кæныны процессы къухтæ ‘рфыссын кæй хъуыдис тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджын чи кодтаит, ахæм документыл. Кæнæ ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, цахæм фыдыбæттæ фæкодтой, æмæ канд Гуырдзыстоны хицауиуæгады ‘рдыгæй нæ, англисаг дипломат, Гуырдзыстоны Евроцæдисы æдасдзинады советы Миссийы Сæргълæууæджы хæдивæг Райан Гристæн æрмæстдæр уый тыххæй æмæ 2008 азы августы фæстæ рæстдзинад кæй дзырдта.

Афтæ æмæ немыцаг политикты ныхмæ ралæуд у Гуырдзыстоны политикæ рæстдзинады ныхмæ арæзт кæй у æмæ йæ кæй дарддæр кæны, уый фæстиуæг.

Мæ зæрдыл æрлæууыд, 90-æм азты Тбилисы чи куыста, иу ахæм дипломат нæ уæды президентæн цы ныхæстæ загъта, уыдон: «Æз сымахмæ арæх нæ вæййын, фæлæ Гуырдзыстоны хицауиуæгады цас хуыздæр зонын, уыййас мæ тынгдæр уырны, сымах раст кæй стут, уый».

Ныфс нæ ис Дитер Боден æмæ Виолæ фон Крамоны ныхмæ гуырдзиаг хицауиуæгады ныры демарш Ныгуылæны бирæтæн кæй феххуыс уыдзæн хъуыддæгтæм реалондæр цæстæй бакæсынæн.

Цхинвал,
2012 азы 6 апрел.