Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуддæгты министрады пресс-конференци АИШ-ы Сенаты резолюцийы проектыл Гуырдзыстонæн хæцæнгæрзтæ дæттыны хъуыддаг сног кæныны фæдыл

Дзыллон информацийы фæрæзты куыд хъусын чындæуыдис, афтæмæй АИШ-ы Сенат сфидар кодта 2012 азæн националон хъахъхъæнынады хæрдзты проект, кæцы ран ис хицæн сæр «Æфсæддон сферæйы æмкуысткæнынад Гуырдзыстонимæ».

Документмæ гæсгæ æфсæддон æмкуысткæнынады «нормализаци» нысан кæны Гуырдзыстонæн хæцæнгæрзтæ дæттыны хъуыддаг сног кæнын «йæ хицауады, адæмы æмæ суверенон территори бахъахъæныны тыххæй. Уыимæ иумæ ма нысангонд цæуы, зæгъгæ, АИШ хъуамæ æсида НАТО бæстæтæ æмæ кандидат бæстæтæм,цæмæй Гуырдзыстонæн сног æмæ рауæрæх кæной хихъахъхъæнæн хæцæнгæртæ уæй кæнын æмæ семæ архайыны хъуддаг».

АИШ-ы Сенат 29 июлы Гуырдзыстоны «территориалон æнæхъæндзинад»-ы фарс рахæцыд, æмæ уымæн саргъгæнæн ис, куыд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ агрессивон архайдтытæм разæнгард кæнын, афтæ.

Хъыгагæн, констатаци кæнын бахъуыдис уый æмæ америкæйаг сенаторæн сæ бон кæй нæу 2088 азы трагикон цаутæй хатдзæгтæ саразын æмæ ногæй ныллæуыдысты сæ политикон амбициты пайдайæн Саакашвилийы ног агрессивон архайдтытæм сразæнгард кæныныл.Сусæггаг ныкæмæн у уый æмæ растдæр Гуырдзыстоны цы режим ис,уый иукъорд бæстæтæ, фыццаграды та АИШ ардыгæй сразæгард ацы паддзахады къухдариуæгад йæ гадзрахатдзинад æмæ æгъатырдзинадæй æмбал кæмæн нæй, Хуссар Ирыстоны ныхмæ ахæм хæстмæ.

Хуссар Ирыстоны сæхиуыл æххæстæй бафæлвæрдтой æмæ хорз зонынц,къорд азты дæргъы АИШ æмæ æндæр ныгуылæйнаг бæстæтæ кæй ласынц «хъахъхъæнæн хæцæнгæрзтæ» æмæ æцæгæй цæмæн хъæуынц,уый. Ам хорз зонынц æмæ хъуыды кæнынц АИШ бæрзонд бынат ахсæг минæвæртты, уыцы нымæцы сенаторты ныфæвæрæнтæ,зæгъгæ,Гуырдзыстоны хицауад Хуссар Ирыстоны ныхмæ не ‘спайда кæндзæнис АИШ цы хæцæнгарз ласынц,уымæй, афтæ ма америкæйаг инструктортæ цы бацамыдтой æмæ йæ срæвдзкæныны программæйæ куыд спайда кодтой, уый дæр.Уыцы дзырддæттынтæ хорз равдыста 2008 азы август.

АИШ Гуырдзыстонмæ хæцæнгарз ласынæй æртæ азы йæхиуыл кæй фæхæцыдис,уый дæр иуфарсонæй бæлвырд кæны уый æмæ раздæр Гуырдзыстон кæй райдыдта хæст Хуссар Ирыстоны ныхмæ æмæ йæ бабырсты рæстæджы ныгуылæйнаг хæцæнгарзæй кæй спайда кодта. АИШ комкомæ фарсхæцынадæй Гуырдзыстоны хицауад не сразы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны тыххæй Гуырдзыстон йæ къух нæ фыссы хæсджынæй чи кæны, уыцы документыл æмæ практикон æгъдауæй сабатаж кæны Фæскавказы æдасдзинад сифтынгкæныны фæдыл Женевæйы процессы прогресс.Уымæ хæлд æрцыдис Медведев-Саркозийы планы цы уыдис, уый.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуддæгты министрад къорд хæттыты сидтис дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй ма æрцæуа Михаил Саакашвилийы ног «сгуыхтдзинæдтыл».Уыцыиу рæстæджы хæцæнгæрзтæ, сæйраджыдæр та Гуырдзыстонмæ
размæбырсæн хæцæнгæрзтæ æмæ æфсæддон техникæйыл эмбарго конд куы æрцæуой, уæд уый зынгæбæрцæй фæкъаддæр кæнит Гуырдзиаг агрессийы рецидивдты æртхъирæнтæ.

Цхинвал,
2011 азы 21 декабры.