Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

albina.jpg

2013 азы 20 майы Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты, 1992 азы Зары фæндагыл гуырдзиаг агрессийы амæттаг чи баисты, уыцы сабыр цæрæг адæймæгты нæмттæ мысыны сæраппонд мадзæлттæ.


1992 азы 20 майы æрхъулагонд Цхинвалы горæты иннæ дунеимæ чи баста, Зары уыцы Царды фæндагыл комкоммæ æхст æрцыдис, бахъахъæнæг кæй нæ уыдис, уыцы сывæллæтты, сылгоймæгты æмæ зæрæдты машинæйы колоннæ. Фæмард дзы сты 33 адæймаджы æмæ дзы 16 та фесты цæфтæ. Чи фæмард, уыдонæй се ‘ппæты хистæрыл цыдис 73 æмæ æппæты кæстæрыл та – 11 азы.

Трагеди кæм æрцыдис, уым – Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Зары хъæуы «Хъынцъымгæнæг мад»-ы мемориалы цур уагъд æрцыдис трауры митинг, кæцыйы хайад райстой РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ дæр. Митингы сæ рухс нæмттæ рымысыдысты, гуырдзиаг фашисты къухæй мард чи фесты, сæ цард Райгуырæн бæстæйы хæдбардзинады сæрыл тохы чи радта, æппæт уыдоны нæмттæ.


Цхинвал, 2013 азы 20 май