Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари

2013 азы 20 майы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Давид Закалиани брифингы фехъусын кодта: «Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад кæй æххæст кæнынц, уыдонæй сæйрагдæртæй иу у хæдбардзинад ма банымайын æмæ уымæ бахъавдтытæ мах иунæг бон дæр не ‘рурæдтам».


Уæрæсе Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы куы банымадта, уымæй фæстæмæ Гуырдзыстон тынг тæрсы алы бæстæйæ дæр, кæцы гæнæн ис æмæ суа, фæстæмæ раздахæн кæмæн нал ис, Фæскавказы уыцы ног сырæзтгонд дыууæ паддзахады банымайыны процессы рæхысы радон цæг. Тбилис, паддзахадты банымайыны политикæйы тæрсгæйæ, æмæ ситуаци уыйонг ма ‘руадзыныл архайгæйæ, активизаци кæны йæ дипломатон архайд, аразы алыгъуызон авантюрæтæ æмæ провокацитæ, суанг ма Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайын кæмæн у, уыцы бæстæты лидерты хирдæм раздахынæй, балхæнынæй дæр. Гуырдзыстоны Президент Михаил Саакашвили 21 майы пресс-конференцийы загъта, зæгъгæ, «мæм æхца куы уаит, уæлдайдæр та миллиардтæ, уæд нымад æрцæуой æви не ‘рцæуой, уыцы фарст нæ уаит».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ катайдзинад æвзарын кæны уый æмæ Гуырдзыстоны хицауад уæвæг реалитæ æмæ сын фæстæмæ раздахæн кæмæн нал ис, уыдонæй хатдзæг саразыны фæлтау цæттæ у йæ мидæггагон проблемæтæ скъуыддзаг кæныны бæсты йæ налогфидджыты ‘хцатæ хардз кæна ахæм политикон сайæн митыл.

Кæд Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонæн дарддæр йæ банымайыны æмæ дунеон организациты хайад ма иса, уый тыххæй аразы æппæт ныхдуртæ дæр, уæддæр дуне тагъд фехъусдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад чи банымайа, уыцы ног бæстæты тыххæй æмæ ацы процесс дарддæр кæндзæнис.


Цхинвал, 2013 азы 22 май