Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

Итали-Хуссар Ирыстоны Хæлардзинады æхсæнады делегацийы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæхимæ кæй райста, уый фæдыл
italiya_yuzhnaya_osetiya.jpg

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. æрхуындмæ гæсгæ, 2013 азы 1-3 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны уыдис делегаци Италийæ, Итали æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн хæлардзинады æхсæнады президент профессор Мауро Мурджиайы сæргълæудæй.


Делегацийы Цхинвалы йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты А. Уазджытæн, æгасцыт зæгъгæйæ, уый банысан кодта: «Хуссар Ирыстон дарддæр дæр уæрæх кæны йæ дунеон контакттæ æмæ йæхицæн ары ног хæлæрттæ. Гуырдзыстоны политикæ, кæцы здæхт у Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы изоляци кæнынмæ, æнæмæнг састы баззайдзæнис. Абон дунейы ничиуал дызæрдыг кæны, растдæр Гуырдзыстон кæй райдыдта хæст 2008 азы августы æмæ мах, æнæмæнг, хъæуы нæ куыст адарддæр кæнын, цæмæй нæ къухты ‘фта, нæ паддзахад нын дарддæр дæр нымайыны хъуыддаг.

Хуссар Ирыстоны алы ран дæр хъæуынц хæлæрттæ, кæцытæ дунемæ хæццæ кæной рæстдзинад нæ бæстæйы тыххæй, нæ адæмы тыххæй. Фылдæрæй-фылдæр адæм нæм дарынц сæ хæлардзинад æмæ æххуысы къух. Мах зæрдиагæй æмбæлæм Хуссар Ирыстоны уазæгуарз зæххыл нæ италиаг хæлæрттыл. Ныфс нæ ис, кæй ссардзыстæм, чи нæ баввахсдæр кæна нæ дарддæры ахадæн æмкуысткæнынады, ахæм амæлттæ».

Ныхасы рæстæджы уынаффæ цыдис Италиаг æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн хæлардзинады æхсæнады фæлгæтты æмархайдыл, афтæ ма, сæрмагондæй, базарадон-экономикон æмæ культурон фадгуыты ахастыты рæзты перспективæйыл. Банысан чындæуыд иумиаг проекты реализаци кæныны практикон архайдты алгоритм.


Цхинвал, 2013 азы 3 июнь