Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварады хъусынгæнинаг

Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл фондз азы сæххæсты боны фæдыл

26 август Хуссар Ирыстоны адæмæн у, историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм бон. Фондз азы размæ, уыцы бон, Уæрæсейы Президент Дмитрий Медведев йæ къух æрфыста хуссарирыстойнаг паддзахады банымайыны тыххæй Указыл.


Хуссар Ирыстоны адæмæн, сæхæдæг сæхицæн хæдбарæй цæмæй рæзой, уый сæ къухты бафтыдис бирæазон уæззау тохты аргъæй, бирæ уæззау зиæнттæ æмæ амæттæгты аргъæй. Дыууæ дæс азы бæрцы дæргъы тбилисаг режим Хуссар Ирыстонæн фадат нæ лæвæрдта йæ экономикон рæзтæн, дардта сæ æндыгъд æмæ тасы уавæры. Террор æмæ агресси, хæст æмæ блокадæ – растдæр ацы инструменттæй фæлвæрдта Гуырдзыстоны къухдариуæгад сæрибаруарзаг ирон адæмы басæттынмæ, ныхмæлæууыны хъуыддаджы йын йæ уд æмæ фæндвидардзинад басæттынмæ. Фæлæ режимы алы фыдраконд æрмæстдæр тыхджындæр кодта адæмы фæндон, æрдæр адæмты ‘хсæн сæ æмбар закъонон бартæ сæ къухты цæмæй бафтыдаиккой.

2008 азы августы гуырдзиаг хицауад сæххæст кодта уæрæхмасштабон хотыхджын агресси Хуссар Ирыстоны ныхмæ, цæмæй сын чи нæ басаст, уыцы ирон адæмы скуынæг кодтаиккой физикон æгъдауæй, цæмæй зæххы цъарæй сæфт æрцыдаиккой ирон хъæутæ æмæ горæдтæ. Фæлæ гуырдзиаг æфсады размæбырсты ныхмæ фидарæй æрлæууыдысты Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæ. Æмæ дзы Уæрæсейы Федераци йæхи фидарæй кæй фæхæццæ кодта, уый ирон адæмы бахызта геноцидæй æмæ радта ирон зæххæй тыхæйисджыты фæсурыны фадат. Уæрæсейы Федераци йæ фидауынгæнæг хæсыл æнувыд уæвгæйæ, сæйраджыдæр та, хæстон фыдгæнджытимæ диалогыл дзырд дæр кæй нæ цыдис, уымæ гæсгæ райста иунæг раст уынаффæ – банымад æрцæуæт Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.

Хæдбардзинад банымайын Хуссар Ирыстонæн ссис йæ рæзты ног этап. Ныр йæ æдасдзинады гарант у Уæрæсе. Бæстæ нырыккон барадон демократон паддзахад аразгæйæ, ныфсджынæй размæ цæуы социалон-экономикон прогрессы фæндагыл.

Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварады архайд здæхт у Цхинвал æмæ Тирасполы ‘хсæн æппæтфарсон æмкуысткæнынад фидар æмæ рæзын кæнынмæ. Нæ бæстæты ‘хсæн бакуыст æрцыдис иумиаг бадзырдон-барадон базæ, æмæ уый абон фæдфæдылонæй æххæст цæуы ахуырадон, гуманитарон æмæ культурон сферæты.

Приднестровьейы æхсызгонæй æмбæлынц Хуссар Ирыстоны позитивон ивындзинæдтыл. Приднестровьейы уырны, нæ бæстæтæн æмхуызон хъысмæт æмæ иумиаг фидæн кæй ис, уый. Постсоветон тыгъдады интеграцион процесстæ нырмæ сæ райдианы сты æмæ сæм ныфсджынæй рæвнæлдтой. Уый та афтæ нысан кæны æмæ кæрæдзимæ кæнæм æввахсæй-æввахсдæр.

Ацы бæрæгбонон боны Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварад æрвиты иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Хуссар Ирыстоны адæмæн историон ахсджиаг нысаниуæджы фондз азы сæххæсты цытæн, сабырад æмæ хорздзинæдты фæндиæгтæ стыр æнтыстытæ паддзахаддзинады рæзт æмæ фидар кæныны хъуыддаджы.


Тирасполь, 2013 азы 26 август