Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Официалон минæварады (посольство) Сæргълæууæджы арфæйы тел

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæнйаг хъуыддæгты министрады сæрæзты бон цытджын æгъдауæй нысан кæй цæуы, уымæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Приднестроваг Молдаваг Республикайы Официалон минæварады Сæргълæууæг Сергей Сураго арфæйы тел æрæрвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратмæ.
Телы дзырд цæуы: «Ивгъуыд æнусы 90-æм азты рагон ирон зæххыл тугкалæн хæст куы цыдис, уæд Райгуырæн бæстæйы интерестæ хъахъхъæнынмæ хæстонты `мрæнхъ ныфсджынæй слæууыдис бæстæйы æвзонг дипломатон корпус дæр. Фæсарйнаг тыхæйисджыты ныхмæ тохты ирон адæмы хъайтарон фырттæ куыд фидар кодтой, афтæ дипломатон тохты рæзтысты æмæ фидар кодтой йæ дипломаттæ дæр. Сæ арæхстдзинад кæнгæйæ, сæ профессионалон цайдагъдзинæдтæ рæзын кæнгæйæ, дипломатон службæйы кусджытæ ахджиаг хайбавæрд бахастой Республикæйы дунеон позицитæ фидар кæнынмæ æмæ æнæхъæн регион сабырад сфидар кæнынмæ.
Абон Хуссар Ирыстоны Фæсарæнаг хъуыддæгты министрад у æнгом, хъуыддаджы чи сфæлтæрдта, ахæм профессионалты къласон традицитæй æмæ йæ бон бацис уымæ йæхи, ног баххæстгæнинæгтæ бахæссын.
Фыдыбæстæйыл иттæг æнувыд, фидар, куыстуарзаг æмæ нысанмæцæуæг ирон дипломаттæ стыр роль сæххæст кодтой, цæмæй паддзахад нымад æрцыдаит дунеон æмæхæнады æмæ абон æмбæлон дзуапп дæттынц рæстæг сын нæ сæ разы цы домæнтæ æвæры, уыдонæн.
Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайынмæ иумæ ирон зæхмæ, боны фæстагмæ, æрцыдис фидар сабырад. Уый абон ифтонггонд цæуы ирон æмæ Уæрæсейы фидауынгæнæг тыхты архайдæй. Уыцы рæстæджы ацы рæнхъыты лæууыс Ды дæр, æппæт уыцы адæм, кæцытæ ныхасæй дæр æмæ хъуыддагæй дæр дунеон аренæтыл хъахъхъæнынц бæстæйы интерестæ.
Ныртæккæ Хуссар Ирыстоны царды, рæзты ног этап куы `рлæууыдис, уæд паддзахады цы экономикон æмæ социалон ивындзинæдтæ ис, уыдоны æнтыст бирæбæрцæй баст у дипломатон службæты архайдыл. Республикæйы хæлæртты æмæ фæсарæйнаг партнерты нымæц уæлдæр кæнгæйæ, экономикон фæзуаты, дунеон барадон экономикон авалæнты нырыккон системæйы хорз атмосферæ æмбæлон фадæттæ аразы интеграцийы æнтыстджын архадæн. Уымæй йын ирон Фæсарйнаг хъуыддæгты министрад аразы паддзахады динамикон æмæ æппыныдзухон рæзтæн
Ацы куысты иууыл вазыгджындæр приоритеттæй сæ иу у Хуссар Ирыстоны æмæ Приднестровьейы `хсæн бирæ азты дæргъы æмтохы хæларадон бастдзинæдтæ, иумиаг æргъадтæ æмæ идеалтæ фидар кæнын.
Бар мын радт, цæмæй бузныг зæгъон Дæуæн дæр æмæ Де `мкусджытæн дæр рреспубликæ Хуссар Ирыстоны Приднестроваг – Молдоваг Республикæйы Официалон Минæварадæн (посольство) сæ архайды активон æххуысы тыххæй. Бар мын Радт, цæмæй дын ныфсдзинад зæгъон уый тыххæй æмæ Тирасполы чи ис, Хуссар Ирыстоны уыцы минæварад дарддæр дæр кæй кусдзæнис дыууæ æфсымæрон паддзахты `хсæн Хуссар Ирыстоны æмæ Приднестровьейы адæмы хæрзиуæгæн, фидар кæй йæудзысты æнгом ахастытæ æмæ хæлардзинад».

РХИ Фæсарйнаг хъуыддæгты министрады
пресс-службæ