Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2013 азы 1 декабры 5 азы сæххæст Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварад саразыны æмæ йæ куыст райдайыны тыххæй Указыл къух фыст куы ‘рцыдис, уæдæй.


Дипломатон службæ равзарын, хуымæтæг хъуыддаг, мыййаг, нæу. Уый кæддæриддæр нысан кодта хи бæстæйы хæрзиуæгæн æндыгъд куыст кæнын, æдзух æй хуыздæр кæнынмæ тырнындзинад. Хъæуы дзы аналитикон зонд æмæ алыварсон æгъдауæй фенæг адæймаг, цахæмфæнды вазыгджын ситуациты дæр йæ бон раст уынаффæ райсын кæмæн у, ахæм.

Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварад æххæст кæны ахсджиаг хъуыддаг, кæцы здæхт у паддзахады æттагон-политикон курс æххæст кæныны хъуыддаджы национ интерестæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн хæларадон ахастытæ, сабырад æмæ æдасдзинады ‘вварс кæнгæйæ. Ныр фондз азы дæргъы Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады кусджытæ Уæрæсейы Федерацийы сты, ныфсбавæрæн кæмæй ис, хуссарирыстойнаг паддзахаддзинад бахъахъæныны ахæм ныфсджын æнцойгæнæнтæ. Уыдонæн кæддæриддæр сæ бон у хуссарирыстойнаг паддзахаддзинад бахъахъхъæныны сæ разылæууæг хæстæ ‘ххæст кæныны националон интерестæ размæ кæныны æмæ хъахъхъæныны хъуыддаджы. Уый бæлвырд у, аивгъуыйгæ азты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн ахастыты фæдыл цы стыр æмæ гъæдджын æхсæнпаддзахадон куыст æрцыдис, уымæй дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Л.Х. æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. Минæварады уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Медойты Д.Н. адресыл кæй арвыстой арфæйы дзырдтæ Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварад саразыны æмæ йæ куысты райдайыны тыххæй Указыл къух æрфыссыныл фондз азы кæй сæххæст, уый сæраппонд.


Цхинвал, 2013 азы 1 декабрь