Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive - 2012

May 25th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий Чикагойы НАТО-йы саммиты райсгæ хъусынгæнинаджы фæдыл

НАТО-йы саммиты фæстиуæгæн 2012 азы 21 майы Чикагойы цы хъусынгæнинаг райстæуыдис, уым цæгататлантикон альянсы бæстæтæ Гуырдзыстоны НАТО-йы баиу кæнынмæ тырнындзинады æвварс хæцгæйæ, æрсидтысты Уæрæсемæ, «цæмæй фæстæмæ алæууа Гуырдзыстоны регионтæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбар паддзахадыл банымайынæй æмæ фæкъаддæр кæна уæрæсеаг уæвынад ацы регионты».

May 20th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинæгты министрады хъусынгæнинаг Зары трагедийыл 20 азы сыххæсты боны охыл.

2012 азы 20 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц Хуссар Ирыстоны сабыр цæрджыты ныхмæ гуырдзиаг агрессийы амæттæгты тыххæй зæрдылдарæн мадзæлттæ. Растдæр дыууын азы размæ гуырдзиаг национал-шовинисттæ, йæ æгъатырдзинадæй иууыл æнаадæймагондæр чи у,сарæзтой генациды ахæм акт Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ. 1992 азы 20 майы æрхъулагонд горæт Цхинвалы дунеимæ чии у кодта. Уыцы Царды фæндагыл Зары хъæумæ хæстæг æмбæхст ранæй ахст æрцыдысты, бахъахъхъæнæг кæй нæ уыдис, ахæм сывæллæттæ, сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий Чикагойы НАТО-йæн цысаммит уыдзæнис, уый тыххæй.

Зынгонд куыд у, афтæмæй 2012 азы 20-21 майы Чикагойы уагъд æрцæудзæнис Цæгатаг атлантикæйы радон саммит. Уыцы саммитæй Гуырдзыстон æнхъæлмæ кæсы бирæ цæмæдæрты. Гуырдзыстон æнхъæлмæ кæсы бирæ цæмæдæрты. Гуырдзыстоны къухдариуæгады ныфс ис, зæгъгæ НАТО-йы Чикагойы саммиты Альянсы бæстæтæ Гуырдзыстонмæ дзурдзысты «НАТО-йы уæнг суæвыны «бæсдæты-аспирантты нымæцы.» Гуырдзыстоны минæвæрттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уарзынц сæ бæстæйыл алыгъуызон химæлвасæг ярлыктæ ауындзын æмæууыл Хуссар Ирыстоны ничи мæсты кæны.

May 16th

Республикæ Хуссар ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы комментарий.

2012 азы 15 майы газет «Взгяд» куыд фехъусын кодта, афтæмæй ОБСЕ парламентон Ассамблейы демократи, адæймаджы бартæ æмæ гуманитарон фарстаты фæдыл комитеты Сæрдар Маттео Мекаччи Гуырдзыстоны куы уыдис, уæд фехъусын кодта, цыма ОБСЕ «Фæнд кæны, цæмæй гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы» июлы сæндидзын кæна мисси, кæцы дисы бафтыдта Цхинвалы. ОБСЕ Хуссар Ирыстоны афтæ кæй фæнд кæны, уый тыххæй хъусгæ дæр никуы ницы фæкодтой, уымæн æмæ ницахæм сидт нæ уыдис æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауиуæгадимæ уагъд нæ цæуынц ницахæм бадзырдтæ.

May 3rd

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы комментарий.

Фæстаг рæстæджы гуырдзиаг дзыллон информациты фæрæзты бирæ хæттыты цыдис дзырд Хуссар Ирыстоны арæнгæрон гуырдзиаг хъæу Эргнеты цур базар бакæныны тыххæй. Уыимæ иумæ ма гуырдзиаг журналисттæ æмæ эксперттæ хъавынц, базар бакæныны инициативæ Хуссар Ирыстоны разамынадæй цыма рацыдис, ахæм хъуыды апарахат кæнынмæ.

April 27th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Уæрæсейы президентон æвзæрстыты тыххæй ЕЦПА-йы хыгъды фæдыл

Президентон æвзæрстыты сæраппонд æвзарæн фæдгуытæ конд æрцыдысты Уæрæсейы æвзæрстыты закъондæттынадмæ гæсгæ æмæ хаудтой дунейы Уæрæсуйы æмбæстæгты цы 145 бæстæйы цæрынц, уыдоны арæзт цы 378 æвзарæн фæдыджы æрцыдис, уыдон нымæцмæ. Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы цы уæрæсейаг æмбæстæгтæ цæрынц, уыдонæн се ‘мбæстагон, бартæ сæххæст кæныны фадат кæй æрцыдис арæзт, уыцы хъуыддагмæ ЕЦПА документы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ ахасты термин «оккупацигонд территори»-йæн кæй спайда кодтой, уыцы виртуалон позицийы ‘вварс куырмæй кæй рахæцыдысты, уымæй, кæцыран Гуырдзыстоны ракодтой агрессийы амæттагæй.

April 24th

Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн товартæ уæй кæныны уавæры фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, дарддæр Дыууæ Фарсы,


Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн æмбарад æмæ æмхуызон пайдайы бындурыл базарадон-экономикон æмгуыстад рæзын кæнынмæ тырнгæйæ,

Дыууæ Фарсæй алкæцыйы хæдбар æддагонэкономикон политикæ уадзыны суверенон бартæ нымайгæйæ,

экономикон активондзинады рæзтæн ахъаз кæныны, куыстæй ифтонг кæнын, куыстыгъæд фæбæрзонддæр кæнын æмæ ресурстæй рационалонæй спайда кæныны фæндонимæ,

April 18th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий.

Дзыллон информацийы фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Нино Каландадзе дыццæджы, 17 апрелы, брифингы фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад «комментаритæ нæ кæндзæн Хуссар Ирыстоны де-факто хæдрасидгæ президенты Тыбылты Леониды инициативайæн Эргнеты хъæуыцур базары куысвт сног кæныны тыххæй»

April 16th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2012 азы 16 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæхимæ райста Дунеон Сырх Дзуары Комитеты Цхинвалы офисы сæргълæууæджы бынаты йæ архайд тагъд рæстæджы кæй фæуд кæны, уымæ гæсгæ министры базонгæ кодтав йæ фæдон-æхсин Леаннæ Хатчинсы.
Ныхасы рæстæджы уынаффæ цыдис Хуссар Ирыстоны территорийыл Дунеон Сырх Дзуары Комитеты офисы архайды фарстатыл.

April 13th

Республика Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментарий Хуссар Ирыстоны президенты æвзæрстыты тыххæй къорд фæс-арæйнаг бæстæты реакциты фæдыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ма раздæрн куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2012 азы 8 апрелы Хуссар ирыстоны адæм Республикæйы Конституцимæ гæсгæ æмæ æвзæрстыты закъондæттинад æххæст кæнгæйæ, сæвзæрста бæстæйы президенты. Фæлæ иуæй-иу бæстæтæ, сæрмагондæй та Азербайджаны, Гуырдзыстоны æмæ АИШ сарæзтой хъусынгæнинæгты, зæгъгæ, Хуссар Ирыс æвзæрстыты нымайынц «æнæлигитимоныл»