Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive - Oct 2012

October 12th

Женевæйы дискусситы Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийы хъусынгæнинаг Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстыты фæдыл Женевæйы дыууын фыццæгæм раунды дискусситы тыххæй

2012 азы 10-11 октябры г. Женевæйы уыдис дунеон дискусситы форматы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады сæраппонд дыууын фыццæгæм фембæлд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы АИШ делегацитæ. Афтæ ма ЕЦ, БНО æмæ ОБСЕ минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Ӕххæстбарджын минæвар Джиоты М. К.

October 9th

Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д. Г. Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С. В. Лавровимæ кæй фембæлд, уый тыххæй

2012 азы 9 октябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д. Г. фыццаг официалон визиты фæлгæтты фембæлдис Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С. В. Лавровимæ.

Фембæлды хайадисджытæ æруынаффæ кодтой дывæрсыг ахастыты регионалон æмæ дунеон проблемæты къорд фарстытыл.