Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



13 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли РХИ ФХМ сæвзæрдыл 25 азы сæххæсты цытæн паддзахадон хорзæхтæ радта Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады къорд ветерантæ æмæ кусджытæн.


«Хæларады орден»-æй хорзæхджын æрцыд:

Джиоты Иваны фырт Уырызмæг– РХИ Æддагон бастдзинæдты фыццаг министр.

«РХИ дипломатон службæйы сгуыхт кусæджы» кадджын номæй хорзæхджын æрцыдысты:

Медойты Никъалайы фырт Димитр – РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр.

Цхуырбаты Викторы фырт Андрей - РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг.

Джиоты Кузьмайы фырт Мурат – Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл РХИ Президенты Æххæстбарджын Минæвар.

Коцты Карлены фырт Константин – РХИ Президенты Паддзахадон Уынаффæгæнæг.

Уалыты Владимиры чызг Заира - РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Уынаффæгæнæг-консультант.

РХИ Президенты Кадджын Грамотæйæ хорзæхджын æрцыдысты:

Джиоты Мураты фырт Æхсар – Уынаффæгæнæг-Минæвар РХИ Минæварад УФ-йы.

Плиты Солтаны фырт Алан - РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг 2009-2012 азты.

Сураго Владимиры фырт Сергей – РХИ ДМР-йы Официалон Минæварады Сæргълæууæг 2007-2017 азты.

Коцты Иваны чызг Инга – РХИ Минæварад УФ-йы Уынаффæгæнæг.

Уалыты Димитры чызг Мадина - РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æддагон-политикон Управленийы Уынаффæгæнæг-консультант.

Коцты Константины чызг Зарина – РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Уынаффæгæнæг.

Тыбылты Леониды чызг Эмма - РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Консулон службæйы Управленийы Уынаффæгæнæг-консультант.

Цхуырбаты Амираны чызг Ирина - РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Консулон службæйы Управленийы Уынаффæгæнæг-консультант.

РХИ Президент Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта хуссарирыстойнаг дипломаттæн Хуссар Ирыстоны æддагон-политикон курсы реализаци кæныны хъуыддаджы се стыр хайбавæрды тыххæй æмæ дарддæры æнтытстытæ хорзæхджынтæн.


Цхинвал, 2017 азы 13 июнь