Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

27 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады уыд фембæлд Женевæйаг дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджытæн, сæ сæргъ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, Фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты М. К., Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттимæ, Женевæйаг дискусситы Фæскавказы æдасдзинады фарстаты фæдыл уæрæсейаг делегацийы уæнгтимæ – СНГ бæстæты цыппæрæм департаменты директоры хæдивæг А.А. Двинянин æмæ Министры уынаффæгæнæг М.М. Кулахметовимæ.


Фембæлды рæстæджы дзырдæуыд Женевæйаг дискусситы тематикæйы фарстатыл, сæрмагондæй, ацы аз 4-5 октябры 37-æм раунды рæстæджы цы проблемæтыл хъуамæ цæуа дзырд, уыдоныл. Сæйраг хъусдард здæхт уыд æдасдзинады фарстатæм æмæ уæвæг тæссагдзинæдтæм. Фембæлды хайадисджытæ та ногæй бахахх кодтой тыхæй ма спайда кæныны принципмæ æнувыддзинады тыххæй иумæйаг фидиуæн райсыны ахсджиагдзинад. Серьезон хъусдард здæхт уыд гуманитарон проблемæтæм.

Уымæй дарддæр ма æрныхас кодтой иумæйаг цымыдис æвзарæг фарстатыл.


Цхинвал, 2016 азы 27 сентябрь