Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн авиацион агуырд æмæ ирвæзын кæныны фæдыл æмгуыстады тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, – дарддæр Дыууæ Фарсы,


æмарæн паддзахадты ‘хсæн агурæн-ирвæзынгæнæн службæтæм хауæг æмгуыстады Æмбæстагон авиацийы дунеон организацийы рекомендацигонд практикæ æмæ стандарттæ нымайгæйæ,

æнамонд цауты бахауæг адæмæн тагъд баххуыс кæныны ахсджиаг нысаниуæг æмбаргæйæ,

сразы сты дæлдæруæвæгыл:

Уац 1

Ацы Фидыды нысæнттæн пайда цæуы 1944 азы райсгæ Дунеон æмбæстагон авиацийы конвенцийы 12 Уæлæмхасæны 1 сæры уæвæг терминтæ æмæ нысæнттæй.

Уац 2

Агурæн-ирвæзынгæнæн операцитæ æххæст кæнын æмæ организаци кæнын ифтонг кæнынц Бадзурæг Фæрстæ ацы Фидыдмæ гæсгæ. Ахæм операцитæ æххæст кæнын æмæ организаци кæныны бындурон хуызы пайда чындæуы 1944 азы райсгæ Дунеон æмбæстагон авиацийы конвенцийы 12 Уæлæмхасæнæй.

Уац 3

1. Дыууæ Фарсы нымайынц сæ паддзахадты æмарæн территориты хсæн арæн æмæ уымæ хæстæг атахтыты информацийы районтæ куыд се ‘хсæн агурын æмæ ирвæзын кæныны районты арæн, афтæ. Агурæн-ирвæзынгæнæн районты арæнтæ бæрæг кæнын бар нæ дары паддзахадты ‘хсæн искæцы тыгъдадты делимитацимæ æмæ йын нæ зиан кæны.

2. Алы Бадзурæг Фарс дæр ифтонг кæны йæ районы агурын æмæ ирвæзын кæныны тыххæй авиацион агурæн-ирвæзынгæнæг службæйы уæвынад (дарддæр – агурæн-ирвæзынгæнæн службæ). Ахæм службæтæ ифтонг кæнынц суткæйы дæргъы радгæстæ.

3. Дыууæ Бадзурæг Фарсы кæрæдзийæн дипломатон каналты фæрцы хъусын кæнынц ацы Фидыд реализаци кæныны тыххæй бæрндзинадхæссæг компетентон органты тыххæй, афтæ ма уыцы компетентон органтæм хауæг ивындзинæдты тыххæй дæр.

Уац 4

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы территорийыл агурын æмæ ирвæзын кæныны барæнтæ ист цæуынц Бадзурæг Фæрсты паддзахадты закъондæттынад æмæ фæткмæ гæсгæ.

Уац 5

1. Кæд Бадзурæг Фæрстæй иуы агурæн-ирвæзынгæнæн службæ зонæнтæ райса йæ агурын æмæ ирвæзын кæныны районы авиацион бæллæх кæнæ инциденты тыххæй, уæд ацы службæ исы æппæт æнæаргъæвгæ мадзæлттæ агурын æмæ ирвæзын кæныны фæдыл.

2. Кæд Бадзурæг Фæрстæй иуы агурæн-ирвæзынгæнæн службæ зонæнтæ райса иннæ Бадзурæг Фарсы агурын æмæ ирвæзын кæныны районы авиацион бæллæх кæнæ инциденты тыххæй, уæд ацы службæ æвæстиатæй хъусын кæны ахæм бæллæх кæнæ инциденты тыххæй иннæ Бадзурæг Фарсы агурæн-ирвæзынгæнæн службæйæн.

3. Кæд Бадзурæг Фæрстæй иуы агурæн-ирвæзынгæнæн службæйæн ацы уацы 1 пункты банысангонд уавæры фæзына иннæ Бадзурæг Фарсы агурæн-ирвæзынгæнæн службæйы æххуысы æнæмæнгхъæуындзинад, уæд йæ бон у æмæ ракура ахæм æххуыс. Ахæм рæстæджы æххуыскурæг Бадзурæг Фарс исы æппæт мадзæлттæ дæр, йæ паддзахады территоримæ иннæ Бадзурæг Фарсы агурæн-ирвæзынгæнæн тыхтæ æмæ фæрæзтæ тагъддæр æрбауадзыны тыххæй. Дарддæр мадзæлттæ ист цæуынц Бадзурæг Фæрсты агурæн-ирвæзынгæнæн службæты æмархайды фæрцы.

4. Тæссаг уавæры бахауæг адæймагæн æххуыс чындæуы йæ æмбæстагдзинадмæ кæнæ статусмæ, афтæ ма цы уавæры йæ ссардæуа, уымæ æнæкæсгæйæ.

5. Алы Бадзурæг Фарс дæр йæхимæ хæс исы, иннæ Бадзурæг Фарсæн информаци дæттын йæ агурын æмæ ирвæзын кæныны районы æрцæуæг инцидентты тыххæй, кæцыты хайад райстой иннæ паддзахады регистрацигонд уæлдæфон наутæ, æмæ райсгæ мадзæлтты тыххæй.

6. Алы Бадзурæг Фарс дæр иннæ Бадзурæг Фарсы паддзахады дипломатон кæнæ консулон минæварадæн информаци дæтты удæгас баззайæг адæймæгты фервæзын кæнын кæнæ фæмардуæвджыты ссарыны тыххæй – кæцытæ сты ацы Бадзурæг Фарсы паддзахады æмбæстæгтæ. Информаци лæвæрд цæуы æвæстиатæй, гæнæн уæвгæйæ, мыггаг, ном, райгуырды бон, адрес, паспорты номыртæ, афтæ ма æнæниздзинады тыххæй зонæнтæ, æмæ чи фервæзт, уыдоны бынат кæнæ мардуæвджытæ кæм ссардæуыд, уыцы бынæттæ банысан кæнгæйæ.

Уац 6

1. Бадзурæг Фæрстæ фидар кæнынц æмгуыстад сæ агурæн-ирвæзынгæнæн службæты ‘хсæн. Ахæм æмгуыстадмæ хауынц, зæгъæм, агурын æмæ ирвæзын кæныны фæдыл иумæйаг ахуыртæ, æхсæнпаддзахадон бастдзинады хаххыл регулярон басгæрстытæ, агурын æмæ ирвæзын кæныны фæдыл экспертты кæрæдзимæ хонын, агурæн-ирвæзын кæныны тыххæй информаци æмæ фæлтæрддзинадæй кæрæдзийæн æххуыс кæнын.

2. Бадзурæг Фæрсты паддзахадты компетентон органтæ кусынц æмæ сæ къухтæ фыссынц кусæгон сразыдзинæдтæ æмæ æмгуыстады фæдыл ацы Фидыд æххæст кæныны охыл.

3. Ацы Фидыды фæлгæтты Бадзурæг Фæрсты паддзахадты компетентон органтæ практикон æмгуыстады фарстатæм æркæсын æмæ сæ сæххæст кæныны нысанæн, куыд хъæуа (фæлæ афæдз иуылкъаддæр иу хатт), уымæ гæсгæ радгай уадзынц фембæлдтытæ Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны.

Уац 7

1. Фыдбылызы бахауæг кæнæ хауæг уæлдæфон наутæн рæстæгыл баххуыс кæнынæн пайдагонд цæуынц фыдбылызы, тагъды, фæдзæхсыны æхсæндунейон сигналтæ æмæ сигналтæ кæцытæй пайдагонд цæуы агурæн-ирвæзынгæнæн операциты рæстæджы.

2. Дыууæ Фарсы кæрæдзийæн хъусын кæнынц уæлдæфон наутыл æвæрдуæвæг техникон ифтонггæрзты тыххæй, кæцытæ хъæуынц агурæн-ирвæзынгæнæн операцитæ æххæст кæнынæн.

Уац 8

Алы Бадзурæг Фарс дæр йæхæдæг хæссы хæрдзтæ, кæцытæ хъæуынц йæ агурæн æмæ ирвæзынгæнæн районы агурæн-ирвæзынгæнæн операцитæ æххæст кæныны рæстæджы ацы Фидыды фæлгæтты.

Уац 9

Ацы Фидыд ницыхуызы нæ ныхилы дыууæ Бадзурæг Фарсæй искæцыйы æндæр дунеон бадзырдты бартæ æмæ хæстæм, кæцыты хайадисæг у йæ паддзахад.

Уац 10

Ацы Фидыд æххæст кæнын æмæ дзы пайда кæныны рæстæджы Бадзурæг Фæрсты ‘хсæн цыфæнды быцæу дæр скъуыддзаггонд цæуы Бадзурæг Фæрсты паддзахадты компетентон органты ‘хсæн комкоммæ баныхæсты фæрцы. Кæд компетентон органты бон нæ бауа иу хъуыдымæ æрцæуын, уæд быцæу скъуыддзаггонд æрцæудзæн дипломатон каналтыл.

Уац 11

Кæд дыууæ Бадзурæг Фарстæй иу барасткæнинæгтæ бахæсса ацы Фидыдмæ, уæд Бадзурæг Фæрсты паддзахады компетентон органтæ уадзынц консультацитæ ахæм барасткæнинæгтæ бахæссыны фæдыл. Консультацитæ хъуамæ райдайой ахæм домæн райсынæй æхсай боны дæргъы, кæд Бадзурæг Фæрсты паддзахадты компетентон органтæ нæ бадзурой уыцы æмгъуыд адарддæр кæныныл, уæд. Ацы Фидыдмæ барасткæнинæгтæ хаст цæуыц Дыууæ Фарсы бадзырдмæ гæсгæ æмæ фидаргонд цæуынц суагъæтæй.

Уац 12

Ацы Фидыд арæзт цæуы æбæлвырд æмгъуыдмæ æмæ йæ тыхы цæуы дипломатон каналты фæрцы йæ тыхы бацæуыны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй Бадзурæг Фæрсты мидпаддзахадон процедурæтæ ауадзыны фæдыл фæстаг разыдзинад фыстæй фехъусын кæныны бонæй.

Уац 13

Алы Бадзурæг Фарсæн дæр йæ бон у кæдфæнды дæр иннæ Бадзурæг Фарсæн ацы Фидыды æруромыны тыххæй йæ фæндон фехъусын кæнын.

Ацы Фидыды архайд фæуд кæны, иннæ Бадзурæг Фарсæй ахæм фæндон райсынæй дыууадæс мæйы фæстæ, кæд уыцы æмгъуыдмæ Бадзурæг Фæрстæ æндæр хъуыдымæ не ‘рцæуой, уæд.

Арæзт æрцыд сахар Цхинвалы 2011 азы апрелы мæйы 25-æм боны дыууæ æцæг æкземплярæй, алкæцы дæр дзы ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, уымæй дæр алы текстæн дæр ис æмхуызон тых.