Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы æвдæм æрсидты `взæрстыты фæдыл

18 сентябры Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы æвдæм æрсидты `взæрстыты хайад райстой, Республикæ Хуссар Ирыстоны æдзух чи цæры, кæнæ та хъæлæс дæттыны бон Республикæйы территорийыл чи уыд, Уæрæсейы Федерацийы уыцы æмбæстæгтæ.


Æвзæрстытæ сорганизаци кодта Уæрæсейы Федерацийы Минæварад Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауадимæ активон æмархайды.


Хуссар Ирыстоны территорийыл конд уыд дыууадæс æвзарæн фадыджы, уыдон хаст уыдысты Фæсбайкалы крайы Читæйы æвзарæн зылдмæ. Развæлгъау зонæнтæм гæсгæ хуссарирыстойнаг æвзарджыты фылдæр хай сæ хъæлæстæ радтой парти «Единая Россия»-йæн. Иумандатон зылды цы кандидаттæ уыд, уыдонæй фылдæр хъæлæстæ райста «Единая Россия»-йы кандидат Н.В.Говорин.


Æвзæрстытæ Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты æнæ фæткхæлдæй, сабыр уавæры, уый та радон хатт у, Республикæ Хуссар Ирыстон йæ æддагон политикæйы Уæрæсейы Федерацимæ фидарæй ориентаци кæй у æмæ дарддæр дæр кæй ис йæ зæрды нæ бæстæты æхсæн алыварсон æмгуыстад фидар æмæ размæ кæнын, уый æвдисæн.


Цхинвал, 2016 азы 19 сентябрь