Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъусын кæны, 2015 азы 23 апрелæй кæй райдайдзæнис Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ДАМПИ(У) конкурсон равзæрсты нысанон бынæтты хайад райсын сæраппонд кæй райдайдзæнис куырдиæттæ исын.


Конкурсон фæлвæрæнтæ конд уыдзысты беседæ кæнынæй æмæ бацæуæн экзаментæй, кæцытæ уагъд цæудзысты «Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн Мæскуыйы дунеон ахастыты паддзахадон институты (Университеты) цы бынæттæ рахицæн кодтой, уыдоны нысанон бынæттæм конкурсон фæлвæрæнтæ уадзыны фæткы тыххæй» Уагæвæрдмæ гæсгæ.

Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ДАМПИ(У) нысанон бынат райсыны сæраппонд конкурсон фæлвæрæнты хайад райсын кæй фæнды, уыцы абитуриенттæ хъуамæ бацæуой РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ æмæ куырдиат ныффыссой РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры номыл. Хъуамæ йæм уа, РХИ ахуырад æмæ Зонады министрад кæй сфидар кодта, скъолайæ ахæм бæлвырдгæнæн, кæцы бæлвырд кæна, абитуриент фæстаг 3 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны кæй ахуыр кодта, паспорты ксерохалдих æмæ 2 фотонывы.

Крнкурсон фæлтæрæнты рæстæг фехъусын кæндзысты уæлæмхасæй.

Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ДАМПИ(У) факультетты ранымад æмæ æндæр информацийы тыххæй зонæнтæ райсæн ис уæлдæр ахуыргæнæндоны официалон сайтæй – www.mgimo.ru.

Уæлæмхас информаци райсæн ис РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ахæм адресыл: Сталиныуынг,18, Хицауады хæдзар, 3-аг æттæгуæлæ, тел.: 45-22-43.