Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-релиз

1484856674_img_7482.jpg

Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады Референдум ауадзыныл 25 азы сæххæсты фæдыл

19 январы æххæст кæны дыууын фондз азы историон цау – Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады референдумыл. Дыууын фондз азы размæ хуссарирыстойнаг адæм сæ паддзахаддзинад арæзтады фæндагыл акодтой хъысмæтскъуыддзаггæнæг къахдзæф. Æппæтадæмон хъæлæсæппæрсты рæстæджы, кæцы уагъд æрцыд æнæаиппæй юридикон нормæтæм гæсгæ бирæнымæц æхсæнадæмон цæстдарджыты цур, реализацигонд æрцыдысты нæ адæмы æнæисгæ бартæ хæдбардзинад, сæрибар æмæ æдас размæцыды фæндаг равзарыны бартæ.


Референдум ауадзыны агъоммæ раздæры ССР Цæдисы тыгъдады 90-æм азты райдианы, цæдисон республикæты суверенизаци куы райдыдта, уæд уыд вазыгджын ситуаци.

1990 азы Гуырдзыстоны Уæлдæр Совет иуварсонæй аивта 1921 азæй фæстæмæ ГССР цы закъæттæ уыд ис, уыдон, сæ нымæцы 1921 азы 22 апрелы ист «ГССР-ы сконды Хуссар Ирыстоны Автономон облæст саразыны тыххæй Декрет». Раст ацы документы бындурыл Хуссар Ирыстон нымад цыд Гуырдзыстоны ССР-ы хайыл.

Демонстративон æгъдауæй хъæлæбагæнгæ ССРЦ барадон фæзæй ахизгæйæ Цæдисы юридикон ныппырхы агъоммæ, Гуырдзыстон не сси ГССР-ы барадисæг æмæ уыимæ фесæфта Хуссар Ирыстоны территори хи хоныны бындуртæ.

Хуссар Ирыстоны политикон къухдариуæгад Гуырдзыстоны æрдыгæй агресси, этникон æфхæрдтæ æмæ геноциды ныхмæ 1991 азы 21 декабры, Советон Цæдисы ныппырхы хæдфæстæ райста Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады Деклараци. Ацы къахдзæф раст кæй уыд, уымæн æппæтадæмон æвдисæн систы 1992 азы 19 январы уагъд референдумы фæстиуджытæ. Референдум уагъд цыд алыварсон блокадæйы æмæ Гуырдзыстоны æрдыгæй агресиийы уавæрты. Референдумы хайадисджытæн сæ 99% схъæлæс кодтой Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны перспективæйы тыххæй.

Референдумы фæстиуджытæ ирдæй равдыстой, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад цы политикон нысантæ реализаци кæны, уыдон растдзинад æмæ ма адæмы консолидацийы æнахуыр бæрзонд æмвæзад. 1992 азы 19 январы Референдумы хатдзæгтæ райрæзын æмæ сфидар кæныны охыл, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Совет 1992 азы 29 майы райста Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт.

Иумæйаг адæмон фæндонмæ гæсгæ арæзт Республикæ Хуссар Ирыстон сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрвæлтау стыр аргъ бафыста йæ хъахъхъæнджыты æмæ сабырадон цæрджыты бирæнымæц цардтæй. Фæлæ растдæр 25 азы размæ æрцæугæ цауты фæрцы абон Республикæ Хуссар Ирыстонæн фадат ис фидарæй цæуын ног паддзахад аразын æмæ йæ рæзыны фæндагыл, Уæрæсейы Федерациимæ æмцæдисад æмæ интеграци фидар кæнынæн.


Цхинвал, 2017 азы 19 январь