Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзты дыууынæм азы фæдыл

2010 азы 20 сентябры ирон адæмы историйы нысан цæуы зынгæ цауы бон – Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзты дыууынæм азы Бон.

Дыууын азы размæ Хуссар Ирыстоны адæм гуырдзиаг национализмимæ фембæлгæйæ æмæ критикон ситуацийы бахаугæйæ, дунеон барады принциптыл æмæ архайæг закъондæттынадыл бындуриуæг кæнгæйæ, хи сбæлвырд кæнын охыл сæ бартæй спайда кæнгæйæ, райста хъысмæтскъуыддзаггæнæг уынаффæ автономон областы ССРЦ сконды Хуссар ирыстоны Демократон республикæмæ рацаразыны тыххæй. Фæстæдæр йæ ном ивд æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстонæй. Барадон æгъдауæй йæ саразыны æмæ хæдбар паддзахад суæвыны тыххæй æххæст æрцыдысты æппæт æнæмæнгхъæуæг процедурæтæ. Ацы уынаффæйы фæстæ æрцæуæг цаутæ куыд фенын кодтой, афтæмæй уый уыдис иунæг раст къахдзæф Хуссар Ирыстоны адæмы бахъхахъхъæныны тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ, Гуырдзыстоны перманентон агресси сын цы стыр зындзинæдтæ æмæ фæлвæрæнтæ арæзта, уымæ нæ кæсгæйæ йын адæм бафæрæзтой. Дызæрдыггæнæн нæй ууыл æмæ анвгъуыйгæ рæстæджы æвзонг паддзахад кæй рацыдис нысæниуæгджын фæндагыл æмæйæ къухты кæй бафтыдысты уазгæ ацыдысты цардархайды аппæт сфераты дæр.
Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм стыр бузныг сты Уæрæсейы Федерацийы Гуырдзыстоны агрессии фæсурыны сын аргъæнæг аргъ кæмæн не скæндзæнис,ахæм æххуыс кæй бакодта 2008 азы 8 августы æмæ хæсты социалон-экономикон фæстиуджытæ аиувар кæнын, Республикæ Хуссар Ирыстонимæ хæларадон партиниорон ахастытæ кæй сарæзтæ. Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад Уæрæсæйы Федерации банымадта 2008 азы 26 августа æмæ уый фæстæ таæндæр паддзахадтæ дæр, кæцытæн разы сæ нымæц.

Абон республикæ Хуссар Ирыстон у дунейы нымад паддзахад, кæцы йæ æттагон политикæ аразы йæ адæмы, сабырад æмæ æдасдзинады хæрзиуæгæн,дунеон барадыл æмæ адæмтимæ æмæ паддзахадтимæ кæрæдзийæн аргъ кæныны принциптыл.

Цхинвал 2010 азы 18 сентябрь.