Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Казбулаты интервью ПТРК «Ир»-æн

kazbulat_1.jpg

2013 азы 9 сентябры нысан цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ арæзт куы ‘рцыдысты, ууыл фондз азы сæххæсты бон. Ацы нысаниуæгджын боны нысаниуæджы тыххæй ПТРК «Ир»-æн йæ интервьюйы комментарий дæтты РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Казбулат.


— Абон мах нысан кæнæм, æцæгæйдæр, стыр историон цауы бон – Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастыты сырæзт, кæцы у 2008 азы 26 августы Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы æндæр нысаниуæгджын боны логикон адарддæр. Дарддæр 2009 азы 20 январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты дунеон æмкуысткæнынады кæрæдзи æмбарыны фарстаты фæдыл Меморандумыл, кæцыйы нысангонд у Республикæ Хуссар Ирыстоны размæцыды рæзты хъуыддаджы Уæрæсейы æххуысы тыххæй æртыккæгæм паддзахадтимæ дунеон организациты йæ хайадист, афтæ ма Уæрæсейы ‘рдыгæй фарс цæттæ кæй у Республикæ Хуссар Ирыстоны интерестæ æртыккæгæм паддзахадтæм бавдисынмæ Уæрæсейы Федерацийы дипломатон минæварадты фæрцы.

Суверенон паддзахадты ‘хсæн дипломатон ахастытæ сты официалон ахастыты ‘вварс хæцыны бындурон формæ. Уыдон ахъаз кæнынц паддзахадты ‘хсæн хæларадон ахастытæ рæзын кæнынæн, сабырад æмæ æдасдзинад хъахъхъæнынæн. Уый иттæг хорз æвдисы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн ахастыты. Уый бæлвырдгонд цæуы аивгъуыйгæ фондз азы дæргъы нæ паддзахадты ‘хсæн æхсæнпаддзахадон ахастытæ саразыныл цы стыр куыст æрцыдис, уымæй дæр. Æмкуысткæнынад æмæ кæрæдзийæн æххуысы сæраппонд 2008 азы 17 сентябры цы Бадзырд æрцыдис арæзт, уымæй дарддæр ма ноджыдæр арæзт æрцыдысты дунеон æндæр æмæ æндæр æмвæзадты æвдай бадзырды бæрц, арæзт æрцыдысты æмæ æнтысгæйæ æххæст кæнынц, цы функциты комплекс сæм хауы, уый, уыцы нымæцы консулон функцитæ дæр. Иннæ аз плангонд цæуы Дзæуджыхъæуы Консулон агентад байгом кæнын. Уый тыххæй йæ разыдзинад ныридæгæн загъта Уæрæсе.

Дипломатон ахастытæ саразыны фондз азы сæраппонд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давиды номæй Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы номыл æрвыст æрцыд арфæйы нотæ.

Ацы æхцон фадатæй пайда кæнгæйæ, мæн фæнды ноджыдæр ма иу хатт Уæрæсейы Федерацийы æппæт дипломаттæн, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæн сæ паддзахадтæн лæггад кæныны зын хъуыддаджы стыр æнтыстытæ.


Цхинвал, 2013 азы 9 сентябрь