Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг Хъуыддӕгты министрады хъусынгӕнинаг

31 августӕй 3 сентябрмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны официалон делегации РХИ Парламенты Сӕрдар Коцты Станиславы сӕргълӕудӕй уыдис Приднестроваг Молдаваг Республикӕйы, кӕцы нысан кодта йӕ хӕдбардзинад расидыныл 22 азы сӕххӕсты бон. Делегацийы сконды ма уыдысты РХИ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты тӕлмӕцты хайады xистӕр Тадтаты Сергей.

31 августы делегации фембӕлдис ПМР Сӕйраг Советы Сӕрдар М.П. Бурлоимæ. Дыууӕ фарсы ӕруынаффӕ кодтой ӕхсӕнпарламентон ӕмгуыстгӕнынады фарстытыл ӕмӕ дывӕрсыг ӕхсӕнпаддзахадон ахастыты перспективӕтыл. 1 сентябры РХИ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры Фыццаг хӕдивӕг Цыхуырбаты К.И. РХИ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады тӕлмӕцты хайады хистӕр Тадтаты С.Ю. ӕмӕ Приднестровьейы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Официалон Минӕварады Сӕргълӕууӕг Сураго С.В. уыдысты горæт Бендерыйы № 15 скъолайы, цыран Зонындзинӕдты боны цытӕн уагъд цыдис бӕрӕгбонон линейкӕ. Цыхуырбаты Казбулат ахуыргӕнинӕгтӕн раарфӕ кодта ног ахуыры азы цытӕн ӕмӕ сын загъта сӕ ахуыры ӕнтыстыты фӕндиӕгтӕ.

Уыцы бон ма фембӕлд уыдис ПМР Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады, кӕцыйы Министр Штански Н.В. бузныг загъта РХИ йӕ коллегӕтӕн сӕ визиты тыххӕй. Цхурбаты Казбулат ын радзырдта Республикӕ Хуссар Ирыстоны цы цаутӕ цӕуынц, комкоммӕ та Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады къухдариуӕгады цы ивындзинӕдтӕ цӕуынц, уыдоны тыххӕй. Диалогы рӕстӕджы ныхасгӕнджытӕ ӕруынаффӕ кодтой Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Приднестроваг Молдаваг Республикӕйы ‘хсӕн дывӕрсыгон ӕмархайды фӕдыл алыварсон фарстатыл, афтӕ ма кӕрӕдзийӕн загътой, дарддӕр дӕр цӕттӕ кӕй сты ахуырадон, культурон ӕмӕ фӕссивӕды хъуыддӕгты сферӕты ӕмгуыстгӕнынадмӕ, уый тыххӕй.

2 сентябры хуссарирыстойнаг делегации хайад райста хӕдбардзинады боны бӕрӕгбонон мадзалтты. 3 сентябры Хуссар Ирыстоны делегацийы йӕхимӕ райста ПМР президент Евгений Шевчук. Уый сын бузныг загъта сӕ визиты тыххӕй ӕмӕ банысан кодта бӕрзонд традицион ӕгъдауӕй хуссарирыстойнаг делегацийӕн. Е. Шевчук делегацийы сӕргълӕууӕг Коцты С. Я. схорзӕхджын кодта Хӕлардзинады орденӕй. Дарддӕр РХИ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕвӕрттӕ уыдысты ПМР ӕвзонг дипломатийы Советы ӕмбырды. Цыхурбаты Казбулат арфӕйы ныхас загъта йӕ приднестроваг ӕвзонг коллегæтӕн ӕмӕ сын дзуаппытӕ радта сӕ фарстытӕн.

Хуссарирыстойнаг делегации мӕ фембӕлдис Тираспол ӕмӕ Дубассарыйы Епископ Саввæимӕ дӕр ӕмӕ Уац Георгийы номыл аргъуаны ссыгътой цырӕргътӕ Беслӕны трагедийы амӕттӕгты удты ӕнцойады тыххӕй.

Цхинвал,
2012 азы 4-æм сентябр