Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Казбулаты интервью газет «Южная Осетия»-йæн

kazbulat_1.jpg

- Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уымæй рацыдис фондз азы бæрц. Дæумæ гæсгæ цахæм сты РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады бындурондæр фæдæздæхтытæ банымадгонд паддзахады?


— Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады архайды бындурон фæдæздæхт у Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æттагон политикæйы иумиаг стратеги кæй бакуыста æмæ РХИ Президент кæй бæлвырд кæны, нæ паддзахады уыцы æттагонполитикон курс æххæст кæй цæуы, уый. Ацы хæстæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадыл æвæрд æрцыдысты «Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады тыххæй» Уагæвæрды æмæ 2005 азы 27 апрелы ист чи ‘рцыдис, Президенты уыцы Указ «Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Республикæ Хуссар Ирыстоны иууон æттагон политикæ уадзыны тыххæй координацигæнæг ролмæ» гæсгæ.

Афтæ æмæ бынтон аив нæу Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады функциты тыххæй банымадимæ сæ бæттыныл дзурын. Æндæр хъуыддаг у уый æмæ нымад æрцæуыны æмæ дипломатон ахастытæ саразыны фæстæ рауæрæх, министрад кæй хъуамæ скъуыддзаг кæна, уыцы фарстаты спектр. 2013 азы 30 апрелы Президент Тыбылты Леонид адæммæ æмæ Парламентмæ йæ ныстуаны бафидар кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн сæйраг стратегион партнер у Уæрæсе. Уымæ гæсгæ Уæрæсейы Федерациимæ дарддæр дæр хæларадон ахастытæ рæзын æмæ арфдæр кæнын нæ куысты у приоритетон здæхт. Бафиппайын æмбæлы уый æмæ аивгъуыйгæ рæстæджы нæ бæстæйы ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты 66 фидыдыл. Уыдон куыд æххæст цæуынц, ууыл контроль кæнын у Министрады хæстæй ноджыдæр сæ иу.

— Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн æввахсдæр рæстæджы цахæм плантæ ис?

— Ныртæккæ Министрады раз цы хæстæ лæууынц, уыдонæй гæнæн ис æмæ рахицæн кæнæм ахæмтæ: мах, гæзæмæтæй дарддæр, арæзт фестæм Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дывæр æмбæстагдзинады тыххæй проект. Афтæ мæм кæсы æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн, кæцыты фылдæр хайæн ис уæрæсейаг æмбæстагдзинад, ацы фидыды тыххæй дзурын дæр уæлдай хъуыддаг у. Куыстгонд фæцис «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстагдзинады тыххæй» Конституцион Закъоны проекты ног редакци. Мах, закъоны проектыл æруынаффæ кæныны хайад райсынмæ æрхуыдтам, паддзахадон хицауады органтæй йæм чидæриддæр цымыдис кæны, уыдоны минæвæртты се ‘ппæты дæр æмæ иннæ къуыри фæнд кæнæм, цæмæй йæ экспертизæмæ барвитæм Юстицийы министрадмæ. Кусæм ма «Фæсарæйнаг æмбæстæгты уавæры тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны» æмæ «РХИ æттæмæ ацæуыны æмæ РХИ мидæмæ æрбацæуыны фæткы тыххæй» закъæттыл. Уымæй дарддæр ма Министрад хайад исы Женевайы дискусситы радон раундмæ бацæттæ кæныны, кæцы уагъд хъуамæ ‘рцæуа июны кæрон.

— Абон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджыты раз ис Хуссар Ирыстоны дунеон уавæр дарддæр дæр фидар кæныны æмæ йын йæ æттагонполитикон бастдзинæдтæ уæрæхдæр кæныны хæс. Цахæм куыст цæуы ацы фæдæздæхты?

— Дунеон æмæхсæнады цæсты РХИ æвæрццаг имиджы химæлвасæг аразыны æттагон политикон позицитæ дарддæр дæр фидар кæныны, Республикæ Хуссар Ирыстоны дарддæр дæр нымайыны фæдыл куыст æндæр æмæ континенты паддзахадтимæ цæуы æппынæдзухæй. Æмæ нæ уырны, Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад чи банымадтой, уыцы Уæрæсейæ æмæ иннæ паддзахадтæй цæвиттон кæй райсдзысты æндæртæ дæр. Министрады активы абон ис бæрæг бакуыстытæ, кæцытæ фидæны æвæрццаг фæстиуджытæн дæттынц ныфс æвæрыны фадат.

Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, ацы фарстмæ балæууын хъæуы уæрæхдæрæй. Бирæ ахадæндæр у, искæцы бæстæмæ канд бацæуын æмæ, уæздандæрæй йæ дзургæйæ йæ куы зæгъæм, уæд бахатын, цæмæй йæ банымайой, уый нæ, фæлæ ма сæм бахатын хъæуы конкретон хъуыддæгты æмкуысткæнынад, партнерондзинадæй, иумиаг реалон проекттæм сæм цымыдис сæвзæрын кæнын. Уымæ гæсгæ мæнмæ афтæ кæсы æмæ Хуссар Ирыстоны дунеон позици дарддæр фидар кæныны хæс канд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хæс нæу. Нæ бæстæйы алы æмбæстаг дæр, кæм кусы, уым æппæт тыхтæ хъуамæ аздаха фылдæр кæройнаг фæстиуджытæ къухты бафтын кæнынмæ. Ахæм иумиаг архайд фæахъаз уыдзæнис паддзахад фидар кæнынæн. Афтæ ма Хуссар Ирыстонимæ ахастытæ аразыны контексты цæстæнгасæй чи кæсы, уыдон потенциалон нымæц дæр дзæвгар сырæздзæнис. Æнæмæнг зæрдыл дарын хъæуы æхсæнпарламентон басдзинæдты нысаниуæг дæр.

— Фæстаг азты рауагъдонты фылдæр хай ахуыр кæнынмæ бацæуынц ДАМПИ. Семæ бадзырд саразут, сæхи хæсджыныл кæй нымайынц ахуыры фæстæ Республикæ Хуссар Ирыстонмæ рæздæхыны æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кæй райдайдзысты кусын, уый тыххæй?

— Зындгонд куыд у, афтæмæй 2010 азæй Уæрæсейы Федерацийы Президент Дмитрий Медведевы барамынды бындурыл Республикæ Хуссар Ирыстонæн дипломатон кадртæ бацæттæ кæныны æмæ сæ сфидар кæныны сæрæппонд, уæрæсейаг профилон уæлдæр ахуыргæнæндæтты, сæрмагондæй та Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дунеон ахастыты Мæскуыйы паддзахадон институты (Университеты), УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады дипломатон академийы, афтæ ма уæлдæр ранымадгонд ахуыргæнæндæтты аспирантурæты дæр хицæнгонд цæуынц бынæттæ. Не ‘взонг паддзахадæн æнæмæнгхъæуæг сты профессионалон кадртæ, уымæ гæсгæ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ДАМПИ цы æмбæстæгты рекомендаци кæны, уыдонимæ, се ‘ппæтимæ дæр къухтæ фыст цæуынц бадзырдтыл, кæцымæ гæсгæ сæхимæ хæс исынц ахуыры фæстæ Республикæмæ рæздæхыны æмæ ам сæ фæллойадон фæндаг райдайыны тыххæй.

— Æттагонполитикон уагдон ДАМПИ рауагъдонты куыстæй сифтонг кæнынмæ цæттæ стут?

— РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæ фадæттæм гæсгæ куыстæй ифтонг кæндзæнис ДАМПИ рауагъдонты. Кæй зæгъын æй хъæуы вакантон бынæттæ нæм алкæйы фаг нæй. Фæлæ афтæ хъуыды кæнын æмæ ахæм хорз уæлдæр ахуыргæнæндон каст чи фæуа, уымæн нæ фæзын уыдзæнис, цы зонындзинæдтæ райса, уыдонæй йын йæ Райгуырæн бæстæйы спайда кæнын.

— Ацы аз, 16 майы, РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давидæн Республикæ Абхазмæ йæ визиты рæстæджы фембæлд уыдис РА Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр В.Чирикбаимæ. Фембæлды рæстæджы уыдон сæ къухтæ бафыстой 2013 азы Консультациты планыл. Цæуыл цæуы дзырд ацы Планы?

— Ацы аз, майы æмбисы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид уыдис Республикæ Абхазы æмæ йын фембæлд уыдис йæ коллегæимæ. Уым ма дывæрсыг ахастыты актуалон фарстатыл æруынаффæ кæнынæй дарддæр сæ къухтæ бафыстой Консультациты планыл дæр, кæцыйы ма, æндæр цæмæйдæртæй дарддæр бахынцинаг сты:
- визиты тыххæй бадзурын æмæ сæ иууыл уæлдæр æмæ уæлдæр æмвæзадтыл уадзыны хъуыддаг координаци кæнын;
- минæварадты архайд ифтонг кæныны фарстатæ;
- консулон архайды хъуыддаджы æмкуысткæнынад;
- иумиаг зонадон-практикон семинартæ, конференцитæ æмæ «тымбыл фынгтæ» цæттæ кæнын æмæ сæ уадзын;
- культурон æмæ спортивон мадзæлттæ уадзынæн ахъаз кæнын æмæ сæ уадзын.

— 21 азы сæххæст РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзтыл. Цахæм фæндийæгтæ зæгъыс дипломатон уагдоны кусджытæн?

— Æцæгæйдæр, 2013 азы 28 майы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадыл сæххæст 21 азы. Уый афтæ æвзонг кар дæр нæу. Традиционæй ацы бон нысан цæуы, куыд хуссарирыстойнаг дипломатийы Бон, афтæ. Хуссарирыстойнаг дипломати йæ куыст фыццаг бонæй райдайгæйæ, Гуырдзыстонимæ перманентон хæсты уавæрты, активонæй рæвнæлдта, Хуссар Ирыстоны адæм нымад цæмæй æрцыдаиккой, уый сæрыл тохмæ, куыстой сæ тыхтыл нæ ауæрдгæйæ, эффективонæй скъуыддзаг кодтой нæ бæстæйы разылæууæг æттагонполитикон хæстæ, удуæлдай лæггад кодтой Райгуырæн бæстæйæн, æиувыд уыдысты йæ интерестыл æмæ хицæн кодтой сæ бæрзонд компетентондзинад æмæ бæрндзинадæй.

Ацы бæрæгбонон боны мæ фæнды Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æппæт кусджытæн, стæй ма æндæр æмæ æндæр рæстæджыты дипломатон службæйы чи уыдысты, уыдонæн сæ профессионалон бæрæгбоны – хуссарирыстойнаг дипломаты Боны цытæн раарфæ кæнын æмæ сын зæрдæбынæй фидар æнæниздзинады амонды æмæ нæ Республикæйы хæрзиуæгæн сæ вазыгджын куысты ног æнтыстыты фæндиæгтæ зæгъын. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ æттагонполитикон уагдоны сырæзт æнæфæхицæнгæнгæйæ баст кæй у Республикæйы фыццаг хицауады сырæзтимæ æмæ 1992 азы 29 майы нæ Республикæйы хæдбардзинад расидыны Акт райсынимæ. Ацы æхцон фадатæй пайда кæнгæйæ мæ фæнды, цæмæй Хуссар Ирыстоны æппæт адæмæн арфæ ракæнон нæ бæстæйы историйы ацы нысаниуæгджын боны цытæн, сабырад æмæ дидинрафтыды фæндиæгтимæ.


Цхинвал, 2013 азы 28 май