Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



11 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Х.æ. Цхуырбаты Андрей йæхимæ райста Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Хуан Эрнесто Васкес Арайяйы, кæцы йæм радта йæ æууæнчы грамотæты халдихтæ.


Хъарм æмæ хæларадон уавæры ацæугæ ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд дыууæварсон ахастыты актуалон фарстатыл æмæ ма æхсæнадæмон аренæйыл Хуссар Ирыстон æмæ Никарагуайы æмархайды перспективæтыл.

Арæзт æрцыдысты культурæйы æмæ ахуырады сферæйы иумæйаг мадзæлттæ ауадзыны пълантæ. Уыдон уыдзысты дыууæ адæмы дарддæр æввахс кæнынмæ, хæларадон ахастытæ фидар æмæ размæ кæнынмæ здæхт.

Фембæлды кæрон уазджытæн лæвæрд æрцыд зæрдылдарæн сувениртæ.


Цхинвал, 2016 азы 11 июль