Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъасполаты комментарий ÆИА «Южная Осетия»-йæн

Бельгийы террористон атакæты фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъасполат бельгиаг сæйраг горæты цы террористон атакæтæ æрцыд æмæ уыдон фæстиуæгæн цы бирæнымæц адæм фæмард æмæ фæцæф ис, уый фæдыл равдыста йæ цæхгæр æнæразыдзинад. «Мæсæллæй зæгъæм бæстæйы хицауадæн æмæ мæрдджынты бинонтæн. Хуссар Ирыстон хорз зоны, теракт цы у, уый, æмæ мах сидæм дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй баиу кæной æппæт тыхтæ ацы фыддзинады ныхмæ».

Цхинвал, 2016 азы 22 март