Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады хъусынгӕнинаг

23 азы размӕ, 1989 азы 23 ноябры, Цхинвалмӕ ӕрбацӕуӕны урӕд ӕрцыдис, Гуырдзыстоны хицауады ӕххуысӕй националистон змӕлдты лидертӕ кӕй сорганизаци кодтой, уыцы цалдӕр дӕсгай мин гуырдзиаг экстремистты марш. Цхинвалмӕ стӕрӕн йӕ нысан уыдис ирӕтты фӕтӕрсын кӕнын ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ та Хуссар Ирыстоны территорийӕ фӕсурын. Уӕд гуырдзиаг националистты фӕнд нӕ рауадис, фӕлӕ ноябры уыцы бонтӕ систы Хуссар Ирыстоны адӕмӕн сӕ цард, сӕрибардзинад ӕмӕ адӕймагӕн цахӕм ӕмбӕлы, ахӕм цард кӕныны сӕраппонд бирӕазон тохы райдиан.

1990-1992, 2004 азты фӕлхаттгонд чи цыдысты Хуссар Ирыстонмӕ гуырдзиаг боевиктӕ ӕмӕ ӕфсӕддтон дӕлхӕйтты хотыхджын ӕрбабырстытӕ, сӕ варварон хъӕддаг митӕ Хуссар Ирыстоны адӕмӕн ӕрхастой ӕнӕнымӕц бирӕ зиӕнттӕ ӕмӕ, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм хъизӕмӕрттӕ. Не `мзӕххонтӕй минтӕ систы, Гуырдзыстоны алыгъуызон режимтӕ фӕстаг дыууын азы дӕргъы кӕй ахаст кӕнынц, уыцы гӕрзифтонг агресситӕ ӕмӕ геноциды амӕттаг. Ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы цард хъахъхъӕд ӕрцыдаид, бафӕрӕзтаиккой, уый тыххӕй иунӕг иу фӕрӕз уыдис хи хӕдбар паддзахиуӕгад кӕнын сӕндидзын кӕныны. Ныр Республикӕ Хуссар Ирыстон у, дунеон ӕмӕхсӕнады нымад чи у, ахӕм паддзахад.

Гуырдзыстоны-ма ныр дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй басӕттой сӕвзӕргӕ реалондзинадыл ӕмӕ дарддӕр дӕр бӕллынц реваншмӕ. Гуырдзыстоны ног хицауад Хуссар Ирыстонмӕ ахасты сӕ фӕндтӕ ӕмбӕхсынц риторикон хӕйрӕгдзинӕдтӕй ӕмӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, ирӕтты зӕрдӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ балхӕной алыгъуызон бонустӕ ӕмӕ экономикон пайдатӕй. Фӕлӕ Тбилисӕн йӕ нысан баззадис, раздӕр ын цахӕм уыдис, ахӕмӕй: йӕ дӕлбар бакӕна Хуссар Ирыстон.

Тбилисы-ма ныр дӕр сӕхи кӕмӕй рӕвдауынц, уыцы империон амбицитӕн мур дӕр ницы бындур ис Хуссар Ирыстонмӕ ахасты. Гуырдзыстонӕн закъонон бар никуы уыдис, цӕмӕй йӕ дӕлбар уыдаид Хуссар Ирыстоны территори, кӕцы Гуырдзыстоны скондмӕ баконд ӕрцыдис 1922 азы, ирон адӕмы нӕ фӕндыдис, афтӕмӕй. 1921 азӕй фӕстӕмӕ Гуырдзыстон цы паддзахадон актӕ райста, уыдоны се ‘ппӕты дӕр 1990 азы денонсации скӕнгӕйӕ, ӕххӕстӕй скуынӕг кодта Хуссар Ирыстон-ма йе сконды уыдаид, уый тыххӕй цахӕмфӕнды паддзахадон-барадон бындуртӕ дӕр.

Хуссар Ирыстоны адӕм цалдӕр хаты - 1992, 2001 ӕмӕ 2006 азты референдумты бафидар кодтой сӕ фӕндондзинад хӕдбардзинады тыххӕй. Хуссар Ирыстоны статус сбӕлвырд кодтой йӕ адӕм, ӕмӕ йыл дарддӕр дзурӕн нал ис. 20 азӕй фылдӕр Хуссар Ирыстон у хӕдбар паддзахад, 2008 азы йӕ дунейы нымайын райдыдтой.

Ацы объктивон ӕцӕгдзинадыл нал ис быцӕугӕнӕн ӕмӕ, раздӕр ӕви фӕстӕдӕр, Гуырдзыстоны дӕр бахъӕудзӕнис йӕ банымайын. Гуырдзыстоны ног хицауад кӕд, ӕцӕгӕйдӕр, тырны Республикӕ Хуссар Ирыстонимӕ йӕ ахастытӕ снормализаци кӕнынмӕ, уӕд уал, фыццаджыдӕр, хъуамӕ сразы уа тыхӕй ма спайда кӕныны фӕдыл хӕсджынгӕнӕг юридикон документыл къух ӕрфыссыныл, басӕтта Хуссар Ирыстоны адӕмӕн геноцид саразыны тыххӕй дзуаппдӕттӕг кӕй у, бафхӕрӕд, нӕ адӕмы ныхмӕ фыдракӕндтӕ саразыны аххосджын чи сты, уыдон ӕмӕ компенсаци арӕзт ӕрцӕуӕд нӕ бӕстӕйӕн цы зиан ӕрхастой, уымӕн. Ӕрмӕстдӕр ахӕм бындурыл ис гӕнӕн аразын хӕларсыхагон ахастытӕ Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны ‘хсӕн. Ницахӕм ӕндӕр, Гуырдзиаг къухдариуӕгад фӕссайын цӕмӕй хъавы, ахӕм идейӕтӕм нӕ байхъуысдзысты Хуссар Ирыстоны адӕм.

Цхинвал,
2012 азы, 23 ноябр.